филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:00 воскресенье, 01 февраля 2026
13 декабря 2023, 11:32
Гуæцæлты Венерæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ æрвиты дыргътæ, халсартæ æмæ æндæр хойраджы продукттæ

Æфсæддонтæн арвыста 4-æм æрвыстæг, ныр та цæттæ кæны 5-æм

Дзæуджыхъæуы цæрæг Гуæцæлты Венерæ у волонтер. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ æрвиты дыргътæ, халсартæ æмæ æндæр хойраджы продукттæ. Æфсæддонтæн арвыста 4-æм æрвыстæг, ныр та цæттæ кæны 5-æм. Венерæмæ ис бæллиц – сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы хæрæндон байгом кæнын. Архайы йæ сæххæст кæныныл.  Волонтеримæ сæмбæлд не сфæлыстадон къорд дæр.

Ацы балкъоны Гуæцæлты Венерæ бавæрдта, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ кæй арвыста, уыцы дыргътæй ма дзы цы баззад, уыдон. Æнхъæлмæ кæсынц сæ радмæ. Ныр цæттæ кæндзысты 5-æм гуманитарон æххуыс. Венерæ куыд зæгъы, афтæмæй ма сæм бафтаудзысты алыхуызон цæхджынты, вареннæты æмæ компотты сæдæгай банкæтæ.

Ныртæккæ фронты чи ис, уыдон æй хъуамæ фидарæй зоной, сæ фæстæ æппæт бæстæ кæй лæууы, зæгъы Дзæуджыхъæуы цæрæг Гуæцæлты Венерæ. Фынæй кæны суткæ æрмæстдæр 3 сахаты, иннæ рæстæг та æмбырд кæны гуманитарон æххуыс, уыимæ архайы, цæмæй сын арвита æфсаддон рационы цы нæй, ахæм продукттæ.

Ацы консервацион халсартæ хæдзары фсин сцæттæ кодта йæхи рецептмæ гæсгæ. Арвитдзæн сæ 58-æм æфсады службæгæнджытæн. Æмæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæстонтæ тынг фенхъæлмæ кæсынц Венерæйы æрвыстæгтæм.

Гуæцæлты Венерæйæн волонтеры куыст зонгæ у. 90-æм азтæ мысы æрхæндæг хъæлæсы уагимæ.

Уый фæстæ та паддзахадон службæ æмæ республикæйы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министры хæдивæг. Венерæ республикæйы цæрджыты бартæ хъахъхъæныны рæстæг кæдфæндыдæр лæууыди сæ фарсмæ, æппæты карздæр æмæ зындæр уавæрты æххуыс кодта фæкæсынхъуаг адæмæн. Йæ царды йын сæйрагдæр у, цæмæй цæра сыгъдæг зæрдæйæ, макæйы зæрдæхудты цæугæйæ. Æмæ йын уыцы царды фæтк æрхаста адæмыуарзондзинад, йе мкусджыты иузæрдиондзинад.

Пенсийы рацæуыны фæстæ – уæззау операци, уый фæстæ афæдз реабилитаци. Абон та Гуæцæлты Венерæ раздæрау у хъæддых æмæ цæттæ у, йæ адæмæн пайда кæм æрхæсдзæн, уым уæвынмæ.

Йæ службæ ацыд иттæг хорз, фæлæ йын уый хыгъд,  йæхи цард саразын йæ къухы нæ бафтыд. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй рæстæг цæстыфæныкъуылдмæ атахт. Йæ хъарм зæрдæйы ахаст æмæ уарзондзинад рæдауæй лæвæрдта йæ хæрæфырттæн, стæй мæнæ ацы фæндырæн, алы уазæгыл дæр сæмбæлы къæсæрыл.

Гуæцæлты Венерæ дызæрдыг нæ кæны, адæмы тых аразгæ у йæ иудзинадæй. Зæгъы, æппæты гыццыл æххуыс дæр фронты чи ис, уыдонæн стыр ныфс у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania