16 марта 2018, 18:10
Гугкайы-фырты æмæ Московскийы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым абон байгом кодтой фæндаджы бынты цæуæн
Объект бындуронæй æрцыд цалцæггонд.
Гугкайы-фырты æмæ Московскийы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым абон байгом кодтой фæндаджы бынты цæуæн. Объект бындуронæй æрцыд цалцæггонд.
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис йæхæдæг федта, куыстытæ куыд конд æрцыдысты, уый. Къултæ æмæ цар сты нырыккон конд, пъолыл сæвæрдтой плитатæ, уымæй дарддæр – рухсгæнæнтæ æмæ æфсæйнаг дуæрттæ. Сæвæрдтой дзы видеокамерæтæ дæр. Ацы объектмæ базилын æмæ йæ сцалцæг кæнын Æлбегаты Барис бабар кодта фарон. Уый баст уыд, арæх алвæндагыл фæндаггон фыдбылызтæ кæй цыди, æмæ дзы-иу фистæгæйцæуджытæ кæй бахаудысты, уыимæ. Ныр дзы адæмæн у æдас. Фæндаджы бынты ахизæн у æнцон.

темæмæ гæсгæ