филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 суббота, 28 сентября 2024
18 марта 2021, 12:19
Гулуты Вячеславыл сæххæст 80 азы

Курдиатджын æмæ йæ дæсныйадыл иузæрдион адæймаг, фидар удыхъæды, ирд æмæ хъæздыг сфæлдыстадон бынты хицау йæхи амондджын хоны, кæддæр ацы дæсныйад кæй равзæрста, уымæй

Йæ хъуыдытæ иууылдæр баст сты кинематографимæ. Режиссер æмæ кинооператорæ, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Уæрæсейы кинематографистты Цæгат Кавказы хайады æнæивгæ сæрдар Гулуты Вячеславыл ацы бонты сæххæст 80 азы. Курдиатджын æмæ йæ дæсныйадыл иузæрдион адæймаг, фидар удыхъæды, ирд æмæ хъæздыг сфæлдыстадон бынты хицау йæхи амондджын хоны, кæддæр ацы дæсныйад кæй равзæрста, уымæй. Йемæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Уæрæсейы кинематографион цæдисы кады гæххæтГулуты Владимирæн йæ 80 азы юбилейы кадæн. Йæ хъуыдытæ иууылдæр баст сты кинематографимæ. Афтæ кæддæр йæхицæй загъта аивæдты сгуыхт архайæг, æмæ ныры онг иузæрдион у йæ равзæрст дæсныйадыл. Уæвгæ та йæ сфæлдыстадон фæндаг райдыдта хуымæтæгæй.
Йæ алы кинонывыл дæр кусы зæрдиагæй, йæ хъайтарты фидар удыхъæды миниуджыты тыххæй сын кæны стыр аргъ. Æртæ хатты фæлвæрдта ВГИК-мæ бацæуынмæ, зындзинæдтыл сæмбæлд, фæлæ уæддæр бахауд. Куыста зындгонд советон режиссертæ, оператортæ æмæ киноактертимæ, бирæ гæнæнтæ йын уыди нæ бæстæйы сæйраг горæты баззайынмæ, фæлæ равзæрста, æмæ фæстæмæ сыздæхт Ирыстонмæ.
70-æм азты райдиан Ирыстоны æрвылаз истой дыгай телевизион кинонывы æмæ 48 киножурналы, уый, документалонтæ æмæ портретон кинотæ, программæтæ æмæ очерктæ æнæ нымайгæйæ. Бæстæйы рацарæзт ацы системæ фехæлдта. Фæлæ Вячеславы уырны, хъуыддагæн нырма ис сраст кæнæн.
Иу бæллиц ма – кинойы хæдзар сног кæнын. Уæрæсейы кинематографистты Цæдис йæ ргом раздæхта ацы фарстамæ.
Гулуты Вячеслав йæ 80 азыл сæмбæлд хъæздыг сфæлдыстадон бынтимæ, ныр дæр æм ис бæлвырд нысантæ æмæ бæллицтæ. Фæндтæ бирæ, фæлæ йæ хъуыдыты раздæрау кинематограф.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania