Уый кадæн арæзт æрцыд пресс-конференци
Гуырдзиаг национ-культурон æхсæнад «Иудзинад – Эртоба» ацы аз бæрæг кæны йе 35 азы юбилей. Уый кадæн арæзт æрцыд пресс-конференци. Йæ архайджытæ æрдзырдтой гуырдзиаг диаспорæйы рæзтыл æмæ республикæйы иннæ национ-культурон æхсæнадтимæ æмархайдыл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Фыдæлты тыххæй мысинæгтæ, уæлдайдæр та Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтарты тыххæй, Нинæ нымайы фæлтæрты бастдзинадыл. Йæ къухы, чи сбур, йæ фыды фыды ахæм хуызист – дард ивгъуыды хай. Алексей Берианидзейы хæстон хъæбатырдзинады тыххæй бирæ цыдæртæ зындгонд не сты. Хæстмæ ацыд 1941 азы. Афæдзы фæстæ йæ цард аскъуыд Сталинграды тохы.
Алы ахæм къам дæр, кæд сыл адæмы хуызтæ бынтон хорз нал зынынц, уæддæр Нинæйæн сты хæзнатæ, Берианидзеты хъайтардзинад æвдисæг. Афтæ, йæ фыды фыды æфсымæр Иосифы хæсты хабар æрыййæфта фæндагыл уæвгæйæ. Финнаг хæст куыддæр фæци, афтæ ацыд дунеон дыккаг хæстмæ.
Йæ мыггаджы хъайтарты тыххæй Нинæ ссары историон хызты æмæ мыхуыргонд мысинæгты. Нинæ йæ курдиат арвыста фæсарæйнаг профилон куыстуæттæм Берианидзеты æфсæддонты тыххæй хабæрттæ базонынæн. Афтæмæй сбæлвырд, йæ фыды фыды æфсымæртæй иу, Михаил дæр фæмард Сталинграды бын тохы. Йæ ном фыст у Намысы къулыл Мамаев Курганы.
Æфсымæртæй ма иу, Илья дæр, уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Йæ хæдзармæ сыздæхт 1945 азы. Цæфтæ, контузигонд, дыууæ хатты ралыгъд уацарæй. Бирæ нæ фæцард – йе *нæниздзинад тынг хъыгдард æрцыд хæсты. Цыппæрæм зианы фыстæг Берионидзеты мыггаг райстой Никъалайы номыл. Хъыгагæн, æбæрæгæй фесæфт. Нæ хуызистытæ, нæ æндæр цавæрдæр хъусынгæнинаг æфсæддоны тыххæй нæ баззад.
Берианидзеты æфсымæртæ уыдысты рæнхъон салдæттæ. Тох кодтой фронты. Нина Влаидимровнайæн сæ алкæцы дæр у хъæбатыр, стæй лæгдзинады дæнцæг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветераны фæдонмæ ис бæллиц – фæнды йæ йæ фыд, æмæ йе фсымæртæ кæм ныгæд сты, уыцы бынæттæ бабæрæг кæнын.




