филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:28 воскресенье, 01 февраля 2026
02 мая 2023, 12:19
Гуырдзыбеты Блашкайы райгуырдыл сæххæст 155 азы

Уый фæдыл Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон библиотекæйы сарæзтой номарæн мадзал

Уырыссаг – япойнаг хæсты архайæг, комеди «Æдули» æмæ бирæ æндæр хъуыстгонд уацмысты автор Гуырдзыбеты Блашкайы райгуырдыл сæххæст 155 азы. Уый фæдыл Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон библиотекæйы сарæзтой номарæн мадзал. Æрбацыдысты йæм фысджыты цæдисы уæнгтæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Курдиатджын поэты æмæ хъæбатыр æфсæддоны сгуыхтдзиндтæ ныр дæр стыр кадимæ æрхъуыды кæнынц Ирыстоны. Сфæлдыстадон изæрмæ хуынд æрцыд не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ныхасы бар Тъехты Элинæйæн.

Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон библиотекæйы сарæзтой Гуырдзыбеты Блашкæйы мысæн бон. Баст уыд, фыссæджы райгуырдыл 155 азы кæй сæххæст, уыимæ. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 19-æм æнусы 90-æм азты райдайæн. Скъоладзау уæвгæйæ уарзта уырыссаг классикты – Пушкины, Лермонтовы æмæ Некрасовы. Йæ зæрдæйы уæлдай бынат ахста Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад. Ирон литературæйы бындурæвæрæгимæ Блашка фыццаг хатт фембæлд Пятигорскы, 1889 азы, Лермонтовы цыртдзæвæн куы гом кодтой, уæд.

Гуырдзыбеты Блашкæ зындгонд у йæ пьесæ «Æдули»-йæ дæр. Кæд комеди у, уæддæр дзы æвæрд ис арф философон хъуыды. Æвдыст дзы цæуынц царды хабæрттæ. Уыцы фарстатæ ахадынц ныры дуджы дæр.

Гуырдзыбеты Блашкайы сфæлдыстадæн æгæрон аргъ кæй кæнынц, ууыл дзурæг сты, йе сфæлдыстадон бынтæ йын цы чингуыты æрæмбырд кодтой, уыдон. Фæстаг чиныгыл чи бакуыста, уыдоны хсæн ис Тахъазты Фидар дæр.

Мæздæджы районæй æвзонг лæппу æнхъæл дæр нæ уыд, йе сфæлдыстады руаджы адæмы зæрдæтæм фæндаг кæй ссардзæн, уый. Уырыссаг – япойнаг хæст куы райдыдта, уæд Гуырдзыбейы фырт архайдта уым. Кæй зæгъын æй хъæуы, равдыста дзы æцæг хъæбатырдзинад.

Курдиатджын поэты æмæ хъæбатыр æфсæддоны сгуыхтдзинæдтæ стыр кадимæ æрхъуыды кæнынц Мæздæджы районы дæр. Йæ номыл дзы ис цыртдзæвæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania