филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:24 воскресенье, 01 февраля 2026
23 августа 2022, 10:41
Гуырдзыстонимæ арæны рдæм республикæйы уылты цы уæзласæн машинæтæ цæуынц, уыдонæн рæстæгмæ сараздзысты электрон рад

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло

Гуырдзыстонимæ арæны рдæм республикæйы уылты цы уæзласæн машинæтæ цæуынц, уыдонæн рæстæгмæ сараздзысты электрон рад. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ахæм фæтк ратдзæн фадат, цæмæй транспорт æрмæст республикæйы территорийыл ма æмбырд кæна, уымæн. Цæгат Кавказы Федералон Зылды мидхъуыддæгты министрадимæ бадзырдмæ гæсгæ рæстæгмæ æрлæууæнтæ хъуамæ фæзына Мæхъæлы Республикæйы, Кæсæг-Балхъары æмæ Цæгат Ирыстоны. Æмбырды æрныхас кодтой короновирусы уавæрыл дæр. Къуыримæ низ фыццаг хатт кæмæ рабæрæг, уыдон 14 проценты фæфылдæр сты. Уыимæ 90 проценты уавæрты низ æнæ симптомтæй вæййы. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалистты амындмæ гæсгæ, æдасдзинады сæрмагонд мадзæлттæ аразын нырма нæ хъæуы. Мæйы кæронмæ республикæйы кусын райдайдзысты туаггуыры 4 станцæйы. Суткæмæ æххæст кæндзысты 2 мин æмæ рдæг тоннæйы туаггуырæй.   Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады минæвæрттæ та радзырдтой хъармгæнæн сезонмæ цæттæдзинады тыххæй. Ныртæккæ хъармгæнæн куыстуæттæн се 60 проценты сты цæттæ, хъармгæнæн трассæтæн – сæ 74 проценты, бирæфатерон хæдзæртты цæттæдзинад та у 45 проценты. Республикæйы сæргълæууæг йе ргом  аздæхта Æрыдоны карьеры бакуысты уавæрмæ. Æрдзон ресурсты æмæ экологийы министрады зæрдæ бавæрдтой, амалхъом адæймаг лицензи 2020-æм азы кæй райста. Уыимæ Æрыдоны районы разамынд куыстытæ æххæст кæнынæн бардæттæг гæххæтт нæ радта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania