17 июня 2014, 16:59
Гуырдзыстоны цы ламидæттæ рацыдысты, уыдон Дайраны комы фæндаг кæй æрæхгæдтой, уымæ гæсгæ мæйы бæрц уыд æхгæд
Машинæтæн дзы иуырдæм цæуæн дæр нæ уыд. Фæлæ ныр уавæр хуыздæрырдæм аивта. Уый нæ фæлæ ма абон фадат фæци уæззау рынчыны фервæзын кæнын дæр.
Гуырдзыстоны цы ламидæттæ рацыдысты, уыдон Дайраны комы фæндаг кæй æрæхгæдтой, уымæ гæсгæ мæйы бæрц уыд æхгæд. Машинæтæн дзы иуырдæм цæуæн дæр нæ уыд. Фæлæ ныр уавæр хуыздæрырдæм аивта. Уый нæ фæлæ ма абон фадат фæци уæззау рынчыны фервæзын кæнын дæр.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ Гуырдзыстонæй Дзæуджыхъæумæ раластой 37 азыдзыд Краснодары цæрæджы. Æвæстиатæй йын хъæуы операци скæнын.
Фæндаг кæй байгом, ууыл уæлдай тынгдæр цин кæнынц, арæнтыл цы машинæтæ æрæмбырд сты, уыдоны хицæуттæ. Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты иумæйаг бадзырдмæ гæсгæ контролон-уадзæн пункттæ «Казбеги» æмæ «Уæллаг Ларс» кусынц æнæрлæугæйæ, æнæхъæн бон. Уымæ гæсгæ, æнхъæлмæ чи кæсы, уыдон тагъд сæмбæлдзысты сæ хæдзæрттыл.

темæмæ гæсгæ