филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 суббота, 28 сентября 2024
24 июня 2021, 14:06
Гуыриаты 5 æфсымæры – æнустæм хъæбатыртæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Цæгат Ирыстонæй фронтмæ ацыдис 100 мин адæймагæй фылдæр

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Цæгат Ирыстонæй фронтмæ ацыдис 100 мин адæймагæй фылдæр. Уый у республикæйы алы æртыккаг цæрæг дæр. 36 бинонтæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ арвыстой 5-гай фырттæ. Се хсæн Гуыриаты бинонтæ. 5 æфсымæры афтæ дæр нал сыздæхтысты, æнустæм баззадысты хæсты быдыры. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Суаргом  хъахъхъæнджыты музейы мадæлты намысы залы – 5 номарæн агуывзæйы, уыдон ничиуал баныуаздзæн. Стендыл хæрзæвзонг лæппуты къамтæ æмæ ныййарджыты фæллад цæстытæ. Хъæдгæронæй рацæуæг Гуыриаты 5 æфсымæры ацыдысты фронтмæ. Гуыриаты Беппа йæ фырттæй иуы дæр нал федта.

Бинонты хистæр Гуыриаты Бесо паддзахы рæстæг уыди офицер, советон хицаудзинад куы æрлæууыди, уæд та æрвыст æрцыди Астæуккаг Азимæ. Гуыриаты æфсымæртæ фронтмæ ацыдысты Узбекистанæй. Мамсыр æмæ Петры номыл ссыди сау гæххæттытæ, Дзантемыр, Астемыр  æмæ Агуыбе афтæ дæр баззадысты æбæрæгæй сæфтыл.

Гуыриаты æфсымæртæ сæ райгуырæн бæстæйæ æнустæм баззадысты дард зæххыл. Æрмæст гыццыл Майрæмададжы ныгæд сты Сырх Æфсады 640 хæстоны. Цардбæллон фæсивæд сæ цард радтой нæ абоны сабыр цардыл. Кæмæ бæллыдысты, уыцы уæлахиз сæ къухы бафтыд, фæлæ цавæр аргъæй… Музейы мемориалон уæлмæрд рагæй дæр сси, æрмæст Суаргом хъахъхъæнджытæ ныгæд кæм сты, ахæм бынат нæ, фæлæ агурæн-сгарæн къордтæ кæй ссарынц, уыдоны номарæн ингæн дæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдианы 80 азы кадæн минут æдзæмæй алæугæйæ кадджын залптæ. Ветерантæ, æхсæнады уæнгтæ, æфсæддонтæ, скъоладзаутæ, бынæттон цæрджытæ – мысæн боны æрбацыдысты æнусон арты цурмæ æмæ ссардтой не мбæстон салдæтты рухс ном. Стендтæй цы æвзонг хæстонтæ кæсынц, уыдон нæ алкæмæн дæр балæвар кодтой абоны сабыр цард. Скъоладзауты зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ уæды рæстæджы хъæбатырты тыххæй. Се ппæтæн дæр сæ хъуыды иу, хæст мауал уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania