филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:36 понедельник, 13 мая 2024
21 февраля 2013, 11:15
Гуырцъыты Иринæ райгуырд уæззау низимæ. Фæлæ йæ ныфс нæ асаст. Сси дæсны хуыйæг

Ныр та уæ базонгæ кæндзыстæм зындзинæдты сæрты хизгæйæ, йæ бæллиц сæххæст кæныныл æнæрынцойæ чи кусы, ахæм адæймагимæ.

Ныр та уæ базонгæ кæндзыстæм зындзинæдты сæрты хизгæйæ, йæ бæллиц сæххæст кæныныл æнæрынцойæ чи кусы, ахæм адæймагимæ.

Гуырцъыты Иринæ райгуырд уæззау низимæ. Фæлæ йæ ныфс нæ асаст. Гыццылæй фæстæмæ йæ фæндыд хуыйæг суæвын. Æмæ æрæджы йæ бæллиц сæххæст. Каст фæци 5-æм училищæ æмæ райста хуыйджыты дæсныйад. Йæхиуыл нæ ауæрды, æмæ йæ къухы бафты æппæты зындæр модельтæ саразын дæр.

Хъуымацыл раст рæнхъытæ скæнын се ‘ппæты бон нæ вæййы, Иринæ та сæ скæны æнæкъуылымпыйæ. Йæ зонындзинæдтæ лæвар кæны йæ кæсæр хойæн дæр.

Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, Иринæ училищæйы уыд æппæтæй арæхстджындæр хъомылгæнинæгтæй иу. Йæхæдæг æрхъуыды кæны модельтæ, скæны эскизтæ дæр.

Ныр та ма Иринæ йе ргом аздæхта бисерæй нывтæ кæнынмæ дæр. Йæ размæ сæвæрдта уæлæдарæсы дизайнерон коллекци бацæттæ кæныны æмæ йæ 5-æм училищæйы равдисыны хæс æмæ йæ кæй сæххæст кæндзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania