филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:39 понедельник, 15 декабря 2025
14 октября 2025, 11:35
Гвардийы майор Æлборты Шалвæйы номарæн турнир ацыд Дзæуджыхъæуы

Архайдтой дзы 9 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ

Гвардийы майор Æлборты Шалвæйы номарæн турнир ацыд Дзæуджыхъæуы. Архайдтой дзы 9 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ. Чемпионы титулыл тох кодтой горæты 6 командæйы. Чемпионтæм æмæ призертæм æнхъæлмæ кастысты кубоктæ æмæ майдантæ, стæй Цæгат Ирыстоны зындгонд футболисттæ сæ къухфысттæ кæуыл сæвæрдтой, ахæм пуртитæ. Турниры фыццаг бынат бацахста спортивон скъола «Юность»-ы командæ, дыккаг – футболон клуб «Барс», бронзæ хæриуæджы аккаг та сси командæ «Алантæ». Турнир Ирыстоны арæзт цæуы дыккаг хатт. Фидæны турнир аразджытæ фæнд кæнынц æндæр регионты минæвæртты æрбахонын дæр. Мадзал арæзт цæуы Æлборты Шалвæйы бинонты хъæппæрисæй, æмæ баст у йæ рагуырæн бонимæ, 14-æм октябры йыл хъуамæ сæххæст уыдаид 36 азы. Не мзæххон хъахъхъæдта райгуырæн бæстæйы бартæ. Архайдта сæрмагонд æфсæддон операцийы. Хъæбатырæй фæмард 2023-æм азы. Йæ хиуæттæ куыд зæгъынц, атфмæй тынг уарзта футбол æмæ ацы турнирæй баззадаит разыйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania