филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:16 четверг, 26 июня 2025
03 июня 2014, 17:09
Хъæддаг галты хуыз бахъахъхъæныныл ныхас цыд, Уæрæсейы ахуыргæндтæ Дзæуджыхъæуы цы конференци сарæзтой, уым

Нæ рагфыдæлтæм ацы цæрæгой нымад уыд æрдзы паддзахыл. Хъæддаг галты чи парахат кæны, ахæм къордтæ Советон дуджы рæстæг Кавказы уыд 5. Фæлæ ныр сты æрмæстдæр 2, уый Цъæйы

Хъæддаг галты хуыз бахъахъхъæныныл ныхас цыд, Уæрæсейы ахуыргæндтæ Дзæуджыхъæуы цы конференци сарæзтой, уым
Нæ рагфыдæлтæм ацы цæрæгой нымад уыд æрдзы паддзахыл. Хъæддаг галты чи парахат кæны, ахæм къордтæ Советон дуджы рæстæг Кавказы уыд 5. Фæлæ ныр сты æрмæстдæр 2, уый Цъæйы фæдзæхст бынаты æмæ Тебердайы. Ивгъуыд æнусы кæрон Цъæйы фæдзæхст бынаты сæхи хорз æнкъардтой 286 галы, фæлæ куыд фæстæмæ, афтæ сæ нымæц æрхауд 43-мæ. 2007-æм азы хъæддаг æрдз хъахъхъæныны æппæтдунеон фонд йæхимæ райста ацы цæрæгойты бахъахъхъæныны хæс. Цы хуызы, ууыл ныхас цыд конференцийы. Дунейы æмæ Уæрæсейы зындгонд ахуыргæндтæ æмæ Кавказы специалисттæ иумæ æрдзырдтой риссаг фарстатыл, снысан кодтой куысты пълан. Сæ фæнд у хъæддаг галтæ хъомылгæнæндон саразын. Ныронг уал нæм баластой 20 галы.

Конференцийы архайджытæ нысан кæнынц æрдзы хъæбысмæ рацæуын æмæ бынаты сбæрæг кæнын æрдзы уавæртæ сæ дарддæры куыстæн.

Æхполæтты Лолитæ, Цæгат Ирыстоны æрдз хъахъхъæнынады министрады специалист: «Абоны æмбырд арæзт æрцыд, цæмæй Уæрæсейы ахуыргæндтæ иумæ æрдзурой домбайтæ фæфылдæр кæныныл Кавказы.Ныр 7 азы бæрц кусынц ацы фарстайыл, 20 домбайы баластой Кавказмæ».

Дзуццаты Зауырбег, Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæдзæхст бынаты наукон кусæг: «Баззадис абоны бонмæ 66 сæры, цæрынц Цъæйы фæдзæхст бынаты. Абоны бонмæ баласынмæ нал хъавынц, фæлæ ма сæ зæрды ис саразын питомник. Цæмæй Цæгат Ирыстоны территорийы сæ фылдæр кæной æмæ сæ ардыгæй уадзой æддæмæ. Кæнно иу сæ æндæр бæстæйæ æрбаластой æмæ уый зын у».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania