филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:36 воскресенье, 13 июля 2025
22 ноября 2013, 11:12
Хъæдгæроны аргъуаныл сæхæст 130 азы

130 азы размæ Хъæдгæроны кувæндоны уыд фыццаг аргъуыд. Чырыстон диныл хæст адæм æм цыдысты æмæ куырдтой зæххон хорзæхтæ, фæлæ Советон Цæдисы рæстæг аргъуан дургай фехæлд.

Хъæдгæроны аргъуаныл сæхæст 130 азы
130 азы размæ Хъæдгæроны кувæндоны уыд фыццаг аргъуыд. Чырыстон диныл хæст адæм æм цыдысты æмæ куырдтой зæххон хорзæхтæ, фæлæ Советон Цæдисы рæстæг аргъуан дургай фехæлд. 2003-æм азы кусын райдыдтой Хъæдгæроны историкон цыртдзæвæн сног кæныныл, дыууæ азы фæстæ ам ацыд фыццаг службæ. Ахæм хорздзинад хъæуæн ракодта Хъороты Владимир. Знон Хъæдгæроны Дзуджыхъæуыккаг æмæ Алайнаг архиепископ Зосимæ сарæзта Мыкалгабырты бæрæгбоны аргъуыд.

130 азы размæ Хъæдгæроны фыццаг хатт азæлыдысты Архистратиг Михаилы номыл аргъуаны дзæнгæрджыты зæлтæ. Фæлæ адæмы цин бир нæ ахаста. Ивгъуыд æнусы райдиан, къорд «союз безбожников» кæй хонынц, уый уæнгтæ йæ фехæлдтой.

Хоранты Владимир, хъæуы цæрæг: «Иу лæппуйæн хæсты размæ бафыстой 2 туманы, цæмæй аргъуан фехала. Уый та стыр æхцатæ уыдысты. Æмæ йæ сæххæст кодта. Фæлæ дзæнгæрæг куы хауди бынмæ, уæд уæртæ фисыныл фæхæцыд, цыма йæ исчы барæй сауыгъта, уый хуызæн æмæ зæлын райдыдта. Адæм дæр фæтарстысты æмæ чи йæ уæрджытыл æрхауд æмæ хатыртæ курын райдыдта. Чи та йæ хæдзармæ алыгъд».

Фæлæ ирон адæм уырнæг адæм сты. Сыгъдæгзæрдæйæ æууæндынц Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл. Æмæ Хъороты Владимир 2003-æм азы хъæуы аргъуан ногæй аразын куы райдыдта, уæд йæ фарсмæ бирæ адæм æрбалæууыд. Æмæ йæ 2 азмæ сног кодтой.

Хъороты Владимир, хъæуы цæрæг, аргъуан саразæг: «Чырыстон адæм стæм мах æмæ хъуамæ кувæм. Æххæст кæнæм цы нын бафæдзæхста, уый. Æмæ нæ фæндыд цæмæй нæ хъæуы уа аргъуан, раздæр куыд уыд, афтæ. Æмæ йыл бакуыстам. Ныр куыд рауад, уый уæхæдæг фенут».

Ныр се ппæтæн дæр у бæрæгбон. Фыццаджыдæр бæрæг кæнынц архангел Михаилы бæрæгбон. Иронау æй хонынц Мыкалгабыртæ… Бæрæгбонмæ ардæм ссыдысты уырнæг адæм республикæйы алы рæттæй. Уыйбæрц уыдысты æмæ иууылдæр аргъуаны цæугæ дæр нæ бакодтой. Кæмæндæрты ацы бæрæгбон канд аргуаны сыгъдæг бон нæу, фæлæ йæ бæрæг кæнынц сæ хæдзæртты дæр.

Хутъинаты Фатини, хъæуы цæрæг: «Сæ цæрæнбон бирæ уæд, ацы аргъуан ногæй чи сарæзта, уыдонæн. Бирæ хорздзинад нын хæссы. Нæ сауджын фыд Георгий дæр ныл тынг ауды. Абон нын стыр бæрæгбон у. Мах бинонтæн та уæлдайдæр. Ацы бонты кувæм Архангел Михаилмæ, мæ фыды ном дæр Михаил у æмæ ныр дывæр бæрæгбон рауад. Тынг кадджын нын у».

Бæрæгбонмæ ссыд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Зосима. Уый саргъуыдта аргъуаныл æмæ дзы скодта бæрæгбоны куывдтытæ. Аргъуаны кусæг фыд Георгийæн радтой сыгъдæг Дзуар. Хъороты Владимирæн та йæ хорз хъуыддаджы тыххæй лæвæрд æрцæудзæн Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны стыр хæрзиуæг.

Фыд Георгий: «Мыкалгабыры бæрæгбон у. Алы аз дæр æй фæбæрæг кæнæм æмæ нæ йæ хорзæх уæд. Æххуысгæнæг уæд се ‘ппæтæн дæр. Фыдбылызсафæг у æмæ нæ хъахъхъæнæд. Уæдæ ма нæ аргъуаны юбилей дæр у. Æмæ ацы дыууæ бæрæгбоны кæй баиу сты, уый тынг хорз у. Cæ хорзæх нæ уæд. Архимандрит Зосима дæр нын раарфæ кодта æмæ цы скуывдта, уый ныл æрцæуæд».

Фæлæ æппæтæй æхсызгондæр уый у, æмæ чырыстон бæрæгбон кæй баиу кодта адæмы, сси сын иудзинады æмæ ныфсы хос, æууæнчы æмæ Хуыцауы хорзæх. Æмæ сæ алкæй дæр уырны нырæй фæстæмæ Хъæдгæрон æмæ хъæуы цæрджытыл кæй æрцæудзысты аргъуаны кусджыты куывдтытæ, уый.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania