«Хъæууон-хæдзарадон фæзуæттæм – цæстдард!» Хъæдты зынгсирвæзтыты ныхмæ тохкæныны иумæйаг бон арæзт æрцыд Уæрæсейы хъæды хæдзарады федералон агентады хъуыдымæ гæсгæ.
Се `ппæт дæр цыдысты Сабырдзинады проспекты æмæ дзырдтой адæмæн, фæзты хус кæрдæг судзгæйæ цы зиан æрхæссæн ис, уый тыххæй. Горæты цæрджытæн лæвæрдтой информацион сыфтæ, хъæууон-хæдзарадон зæххытæм сæ цæст куы нæ дарай, уый куыд тæссаг у, уый тыххæй.
Кæронбæттæны уæларвмæ суагътой «рæуджыты» – хъæдты нысан æвдисæг кæрдæгхуыз шартæ.
Балаты Мæирбег, РЦИ-Аланийы хъæды хæдзарады комитеты сæрдары хæдивæг: «Ацы акцийæн йæ сæйраг хæс у, цæмæй адæм зоной, хъæды алыварс цы фæзуаттæ ис, уым цæмæй адæм æртытæ ма кæной, æмæ цæмæй уыцы хъуыддаг зоной хъæууон-хæдзарадон кусджытæ. Мæнмæ гæсгæ, тынг рæсугъд акци уыдис абон».




