филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:27 понедельник, 20 мая 2024
16 апреля 2014, 11:26
Хæххон паддазахадон аграрон университеты адæмон кафты ансамбль «Хохаг» сбæрæг кодта йæ 50 азы юбилей

Бæрæгбоны концерт радта ирон академион театры. Юбиляртæ сæ аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой сфæлдыстадон лæвæрттæ.

Хæххон паддазахадон аграрон университеты адæмон кафты ансамбль «Хохаг» сбæрæг кодта йæ 50 азы юбилей
Бæрæгбоны концерт радта ирон академион театры. Юбиляртæ сæ аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой сфæлдыстадон лæвæрттæ.

Юбилейон концерты размæ сæйраг репитици. Сценæйы иумæ ансамбль «Хохаджы» 6 фæлтæры. Уый у аивадуарзджытæн лæвар. Гаситы Петр уыд ансамблы фыццаг хыгъды уæнг. Хъæууонхæдзарадон институт каст куы фæцис, уæддæр ма афæдз кафыдис «Хохаджы».

Гаситы Петр, хæххон паддзахадон аграрон университеты экономикон факультеты декан: «Арæх цыдыстæм концерттимæ. Уыдыстæм Мæскуыйы, съездты галуаны, централон телеуынынадæй нын æвдыстой нæ концерт. Уыдыстæм Харьковы».

Æнæхъæн зал æмдзæгъд кæны лæугæйæ. Рагон «Симд» кафынц иумæ 100 адæймаджы бæрц. Ахуыргæндтæ, министрадты æмæ ведомствæты уæнгтæ, бизнесментæ. Алы дæсныйадты минæвæртты баиу кодта «Хохаг».

Хистæрты бафæзмыдта ансамблы æрыгон фæлтæр. Концерт арæзт æрцыд ирон адæмы историмæ экскурсийы хуызы. Уый уымæн, æмæ «Хохаджы» æрмæст кафыныл нæ ахуыр кæнынц, фæлæ ма фыдæлты æгъдæуттæ æххæст кæныныл дæр.

Мæхæмæтты Ахуырбег, ЦИПУ-йы президент: «Ацы рæсугъд хабæрттыл тынг архайы университеты ректор Темыраты Виктор. Бирæ азты ма сæ къухы æнтыстдзинæдтæ куыд æфта, уыцы амонд уæд».

Ансамблы архайын у хæххон аграрон университеты алы студенты бæллиц. Цыбырты Тимур дзы кафын райдыдта, нырма 10-æм къласы куы ахуыр кодта, уæд. Абон технолгон факультеты 1-æм курсы студент ис сфæлдыстадон къорды сæйраг хыгъды.

Цыбырты Тимур, ансамбль «Хохаг»-ы кафæг: «Куы æрбацыдтæн, уæд ницы зыдтон, фæлæ мæ хорз сахуыр кодтой. 3 мæйы акафыдтæн студийы, стæй мæ райстой сæйраг хуыгъдмæ».

Ансамбль арæзт æрцыд 1963-æм азы уæды ректор Дзанайты Георгийы хъæппæрисæй. 50 азы «Хохаг» алы бæстæты бæрзонд æмвæзадыл æвдисы ирон культурæ.

Юбиляртæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты сæ хæлæрттæ алы регионтæй. Концерты кадджын уазæг сси адæмон кафты ансамбль «Березка»-йы аивадон разамонæг Мира Кольцова. «Хохаджы» разамонæгимæ сценæйы акодта ирон кафт.

Ацы изæр сценæйæ æрмæст арфæйы ныхæстæ нæ хъуыстысты. Юбиляртæн саккаг кодтой Хицауады, Парламенты æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы хæрзиуджытæ. Республикæйы адæмон артисты, ансамблы аивадон разамонæджы та схорзæхджын кодтой «Ирыстоны Намыс»-ы майданæй.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania