филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:21 воскресенье, 29 сентября 2024
15 сентября 2014, 17:59
Хъæлæс кæныны иумæйаг боны Цæгат Ирыстоны дыууæ зылды æвзæрстой республикæйы Парламентмæ депутаты

Сæ минæвæртты æвзæрстой Æрæфы районы æмæ Дзæуджыхъæуы Барбашовы зылды.

74286
Сæ минæвæртты æвзæрстой Æрæфы районы æмæ Дзæуджыхъæуы Барбашовы зылды.
Территориалон æвзарæн къамисты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй участокты закъонхæлдтытæ нæ уыд. Адæм хъæлæс кодтой, куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ ацы хатт къаддæр активон уыдысты. Æрæфы районы цæрджытæ хъæлæс кодтой æртæ кандидатыл закъондæттæг æмбырдмæ. Уымæй дарддæр административон центры та æвзæрстой Цыколайы хъæуы хицауы. Сæ зæрдæ дарынц ног куысты бынæттæ сæм кæй фæзындзæн, стæй медицинон лæггæдты æмæ ахуырады хæрзхъæддзинад кæй фæхуыздæр уыдзæн, ууыл.
Дзæуджыхъæуы Барбашовы зылды та æвзæрстой 5 кандидаты республикæйы Парламентмæ. Ам дæр домæнтæ хæлд не рцыдысты. Æвзарджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй сæ фæнды, цæмæй депутаттæ се ргом аздахой цæрæн-коммуналон фарстатæм, кусой адæмы цард фæхуыздæр кæныныл.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania