Сæ нæмттæ цæрдзысты æнустæм. Хæстмæ чи ацыд, æмæ йæ фыдыуæзæгыл сæрæгасæй чи нал сæмбæлд, уыцы `мхъæуккæгты номыл Дæллаг Санибайы байгом кодтой цыртдзæвæн.
Монумент байгом кæныны кадджын мадзалмæ æрбацыд бирæ адæм: республикæйы Парламенты уæнгтæ, районы разамынд, скъоладзаутæ, ветерантæ, æхсæнадон æмæ политикон организациты минæвæрттæ. Хæстонты номыл хъуыстысты арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ. Абоны рæсугъд цардыл, сæхицæн нæ тæригъæд кæнгæйæ, кæй тох кодтой, уый тыххæй.
Цыртдзæвæн байгом кæныны кад æрхауд хъæуы цæрæг Гæдзаццаты Сафирæт æмæ 6-æм къласы ахуырдзау Пухаты Элинæмæ. Фæзыл айхъуысти хæцæнгарзы кадджын залп.
Хадыхъаты Тимофей, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Ацы цыртдзæвæн у Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ йæ цард чи радта, уыдоны номыл. Хъуамæ алчидæр зона йæ фарсмæ цы хъайтартæ цард, уыдоны. Хъуамæ фæсивæд дæр зоной сæ хъæбатырты. Аргъ сын кæной. Кæй ном арæм, уыдон та сты дæнцæгæн хæссинаг».




