филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:32 воскресенье, 29 сентября 2024
17 января 2013, 17:21
Хæстон цаутæ мысгæйæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ йæхиуыл чи бавзæрста, уыдон къаддæр кæнынц. Толдзгуны цæрæг Хæмыцаты Хæдзыреты бинонтыл стыр фæд ныууагъта, уыцы æвирхъау рæстæг.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ йæхиуыл чи бавзæрста, уыдон къаддæр кæнынц. Толдзгуны цæрæг Хæмыцаты Хæдзыреты бинонтыл стыр фæд ныууагъта, уыцы æвирхъау рæстæг. Фашисттæ йын 1942 азы 31-æм декабры амардтой йæ фыды, йæ фыдыфсымæры æмæ йæ кæстæр фсымæры. Уыцы уаззау цауыл кæд 70 азы рацыди, уæддæр Хадзыреты зæрдæйы рыст нæ къаддæр кæны.
 
Рагон къамтæм кæсгæйæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, Толдзгуыны кадджындæр хистæртæй иу, Хамыцаты Хадзырет мысы йе `рыгон бонтæ. Хæсты рæстæг 17 аздзыд лæппуйы фæндыд йæ бæсты сæрвæлтау тох кæнын, фæлæ йын бар нæ лæвæрдтой.

Уым сын бар радтой хæстмæ ацæуынæн. Фæдисæй сæ æрбамбырд кодтой, æмæ сæ Дзæуджыхъæуы уылты фистæгæй арвыстой Тифлисмæ. Хадзырет куыд зæгъы, афтæмæй уыцы фæндæгтæн ферохгæнæн нæй. Цырыхъхъыты æнæ портянкæтæй, нæ къæхты туг калд, фæлæ цыдыстæм размæ, зæгъы Хадзырет. Фыдæбæттæ кæнгæйæ бахæццæ сты Иранмæ.

Хæмыцаты Хадзырет, хæсты æмæ фæллойы ветеран: «Мах часть æрвыст æрцыди Хæстæг Хурыскæсæнмæ. Афтæмæй службæ фæкодтам».
Радтой йын рæстæгмæ хæдзармæ ацæуыны бар. Йæ райгуырæн хъæу Толдзгуынмæ йæ зæрдæ тынг æхсайдта, уымæн æмæ фехъуыста æвирхъау хабар. 1942-æм азы 31-æм декабры йын фашисттæ амардтой йæ фыды, йæ фыдыфсымæры æмæ йæ кæстæр æфсымæры.
Хæмыцаты Хадзырет, хæсты æмæ фæллойы ветеран: «Хæст ардæм куы `рбахæццæ, уæд хъæдмæ ралыгъдыстæм. Мах бирæ бинонтæ уыдыстæм. Хæстмæ цæуынхъом нæм фондз адæймаджы уыд. Ацыдыстæм æртæйæ».

Хæмыцаты Хадзырет хæсты рæстæг кæмдæриддæр уыд, уым хæцыд рæстдзинадыл, сарибар цардыл. Йæ хæстон фæндæгтæ фесты 1947-æм азы. Æгъатыр фашисттæ стыр фæд ныууагътой йæ райгуырæн хъæуы. Адæм ногæй арæзтой сæ цард. Хадзырет дæр бирæ фæфæллой кодта Æрæфы районы колхозты æмæ совхозты, хъæуы æхсæнадон бынæтты. Ныртæккæ дзы, йæ кæстæрты хорз хъуыддæгтæм кæсгæйæ, рох кæнынц йæ бирæ тухитæ, фæлæ 1942 -æм азы 31-декабрæн ферохгæнæн нæй.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania