24 апреля 2014, 11:11
Хæсты æмæ æфсæддон службæйы ветеранты, стæй фронты фæсчъылдым чи фæллой кодта, уыдоны кадæн Дзæуджыхъæуы уыди каджын изæр
Баст уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ Александра Руденко æмæ Василий Серебренниковы 90 азтимæ. Сæ юбилейтæ сбæрæг кодтой ацы аз. Радтой сын зæрдылдарæн майдантæ, дидинджытæ æмæ лæвæрттæ.
Баст уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ Александра Руденко æмæ Василий Серебренниковы 90 азтимæ. Сæ юбилейтæ сбæрæг кодтой ацы аз. Радтой сын зæрдылдарæн майдантæ, дидинджытæ æмæ лæвæрттæ. Ветеранты ахæм хуызы сбуц кодтой сидзæр сывæллæтты профилактикæйы центр æмæ волонтерты змæлд «Рука помощи»-йы минæвæрттæ. Сæ акци схуыдтой «Добрые дела». Арфæйы ныхæстæ дзы загъд уыди Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы районы ветеранты советы уæнгтæн дæр. Ветерантæн лæвæрттæ радтой горæты администрацийы æмæ спонсорты номæй дæр. Кæронбæттæны та сын сæ зæрдæтæ барухс кодтой концертæй.
темæмæ гæсгæ




