филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:10 суббота, 04 мая 2024
17 апреля 2013, 17:03
Хъæууон хæдзарады культурæты куыст кæныныл ныхас цыд аграрон университеты æппæтдунеон конференцийы

Йæ архайджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Такъоты Сергей.

Сæйрагдæр фарста уыд нартхор уæй кæныны хъуыддаг. Дыууæ мины æртындæсæм азы компани «ИрАгро» сбæрæг кодта фыццаг гибрид.

Хъæууон хæдзарады культурæты куыст кæныныл ныхас цыд аграрон университеты æппæтдунеон конференцийы. Йæ архайджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Такъоты Сергей.

Сæйрагдæр фарста уыд нартхор уæй кæныны хъуыддаг. Дыууæ мины æртындæсæм азы компани «ИрАгро» сбæрæг кодта фыццаг гибрид. Ныртæккæ ма регистрацимæ балæвæрдтой нартхоры цалдæр хуызы. Цыппæрæм аз компани æмгуыстад кæны Америкæйы æмæ Сербийы аграрон специалисттимæ. Уырдыгæй агрохолдинг сласы генетикон æрмæг. Цæгат Ирыстоны мыггæгты куыст кæныныл архайынц фæлтæрдджын селекционертæ. «ИрАгройы» фæрцы рæхджы республикæ нартхор ласдзæн канд Уæрæсейы алы рæттæм нæ, фæлæ фæсарæнтæм дæр. Æмгуыстады бадзырдтæ хъуамæ бафыссой Иранимæ, Туркимæ, Македони æмæ Белоруссиимæ.

Берозты Таймураз, агрохолдинг «ИрАгро»-йы сæйраг селекционер: «Адæм æрбакодтам, фæсарæнтæй дæр нæм æрбацыдысты уазджытæ, цæмæй нæ сахуыр кæной кусын селекцийы хабæрттимæ. Абоны бон цы уавæры стæм, уымæй алы бон хуыздæрæй хуыздæр куыд кæнæм, уый нæ фæнды».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania