филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 воскресенье, 01 февраля 2026
19 декабря 2012, 15:39
Хъæууон хæдзарады министрады абон арæзт æрцыд уæрæхгонд æмбырд

Хъæууон хæдзарады министрады абон арæзт æрцыд уæрæхгонд æмбырд. Хатдзæгтæ дзы скодтой дыууæ мин дыууадæсæм азæн. Куыд загътой, афтæмæй зæхкусджытæ систой хъæздыг тыллæг. Фосдарынады къабазы дæр ис хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ.

Хъæууон хæдзарады министрады абон арæзт
æрцыд уæрæхгонд æмбырд. Хатдзæгтæ дзы скодтой дыууæ мин дыууадæсæм азæн.

Куыд загътой, афтæмæй зæхкусджытæ систой хъæздыг тыллæг. Фосдарынады
къабазы дæр ис хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ. Семинары раныхас кодтой Цæгат
Кавказы хъæууонхæдзарадон куыстуæтты разамонджытæ.

Абон республикæйы иумæйагæй цы продукци
уадзынц, уымæн йæ 24% кæнынц хъæууон хæдзарады къабæзты. Министрады
бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Ирыстоны ис 360 куыстадон æмæ 75 фæлхасадон
кооперативы, минæй фылдæр фермерон хæдзарæдтæ, 96 минæй фылдæр та сты хи
хæдзарæдтæ. Фаронимæ абаргæйæ, продукцийы рауагъд фæфылдæр 5,5%, хоры
тыллæг рауад 515мин тоннæмæ æввахс. Фос дарыны къабазы та иуæй-иу
бæрæггæнæнтæ фæныллæгдæр сты, æмæ уыцы фарстамæ хъæууон хæдзарады
специалисттæ раздахдзысты фылдæр æргом.

Засеты Роберт, РЦИ-Аланийы хъæууон
хæдзарады министр: «Нæхицæй раппæлæм, зæгъгæ, ацы аз нæ куыстытæ афтæ
бакодтам, æмæ републикæйы цæрджыты нæхи хойрагæй, нæхи дыргътæй æмæ нæхи
халсартæй бафсæстам, уæд уый бынтон афтæ нæу. Ис ма фарстатæ.
Кусдзыстæм сыл иннæ аз, æмæ ма уымæй дарддæр дæр. Æмæ ма гыццыл рæстæг
рацæудзæн, æмæ нæхи зæхкусджытæ республикæйы цæрджыты фаг продукци
уадзын райдайдзысты».

Фидæн азмæ аграрон къабазы снысан кодтой
цалдæр ахсджиаг инвестицион проекты, кæцытæ фæахъаз уыдзысты фос дарыны
рæзтæн. Æнæмæнгæй, хъæууон хæдзарады уавæр аразгæ у хицæн кусджытæй, сæ
дæсны архайдæй æмæ бæрнондзинадæй. Ацы азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сæ
хуыздæртыл нымад чи ‘рцыд, уыдоны схорзæхджын кодтой. Куыстуат «Ирбис»-ы
механизатор Хъуылымбегты Анатолийæн та саккаг кодтой Уæрæсейы Хицауады
Кады гæххæтт.

Хъуылымбегты Анатолий, куыстуат
«Ирбис»-ы механизатор: «38 азы кусын техникæйымæ. Мæ куыстæй райгонд
дæн. Хæдзарад «Ногир»-ы дæр фæкуыстон. Куы æрбацыдтæн, уæд мын ног цæттæ
комбайн радтой. Мæн нæ бафæндыд ногыл кусын. Зæронд хæлд комбайн
райстон, йæ мотор йæ рагъыл уыд, стæй йыл уыд иунæг цалх. Райдыдтам æй
цалцæг кæнын, æмæ йæ куы скодтон, уæд ногтæй хуыздæр куыста. Æмæ афтæ
дарддæр цыди нæ куыст».

Засеты Роберт, РЦИ-Аланийы хъæууон
хæдзарады министр: «Ног азы къæсæрыл мæ фæнды нæ республикæйы цæрджытæн,
хъæууон хæдзарады кусджытæн раарфæ кæнын, цæмæй алы аз дæр райгонд уой
сæ куыстæй, сæ бинонтæ æнæниз уæнт».

Æмбырды æрдзырдтой фидæн азы нысантыл
дæр. Рагацау æркастысты хæрзхъæд мыггæгтæ самал кæныны фарстамæ, фос,
техникæ æмæ хъæугæ кусæнгæрзтæ лизингы фæрцы æлхæнынмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania