филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:51 вторник, 16 декабря 2025
25 апреля 2018, 12:05
Хъæууон хæдзарады рæзтæн Федералон бюджетæй радих кодтой 5 миллиард сомы

Уæлæмхасæн æфтиæгтæ хуыздæрырдæм фæзындзысты агропромышленнон комплексы райрæзтыл.

Хъæууон хæдзарады рæзтæн Федералон бюджетæй радих кодтой 5 миллиард сомы. Уæлæмхасæн æфтиæгтæ хуыздæрырдæм фæзындзысты агропромышленнон комплексы райрæзтыл. Æнæ паддзахадон æххуысæй кусын абон зын у, зæгъынц хъæууонхæдзарадон кооператив «Эрик»-ы. Куыстуат ис Мичуриныхъæуы. Кæны маргъ дарыны куыст. Æмбæлы бæлвырд зындзинæдтыл, фæлæ уæддæр архайы йæ уавæртæ парахатдæр кæнынынл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ахæм цъиутæ хъæууонхæдзарадон кооператив «Эрик»-ы ис 15 мины. Цæуы сыл æрмæст 2 къуырийы. Зилы сæм дæсны кусæг.
Цех ифтонг у нырыккон технологитæй. Холлаг æмæ дон цъиутæм хæццæ кæны автоматикон системæйы фæрцы. Мæргътæн сарæзтой æппæт хъæугæ уавæртæ. Сæ царды алы бон дæр сын агъуысты температурæ иу градус фæкъаддæр кæнынц.
Афтæ кооператив кусы 2009-æм азæй фæстæмæ. Ис бæлвырд къуылымпыдзинæдтæ дæр.
Цъиутыл 40 боны куы сæххæст уа, уæд сæ ауæй кæндзысты, цех та райдайдзысты мæргъты ног фæлтæрæн цæттæ кæнын. Кооперативы ма сæ сæйраг архайдæй фæстæмæ ис нартхоры быдыртæ, тагъд та ма дзы райдайдзысты стурвосы куыст кæнын дæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania