01 июля 2014, 17:13
Хъæууон хæдзарады зæххытæ, коммуналон лæггæдтæ, фæндæгты уавæр, куысты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уый, æмæ ма бирæ æндæр социалон фарстатыл абон ныхас цыди &
Цæрджытæ æрæмбырд сты, æмæ сæ хъуыдытæ дзырдтой карзæй. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, Æрыдоны районы лыггæнинаг фарстатæ сæвзæрынц, районы сæргълæууæг Гусаты Тамерланы, æмæ бынæттон администрацийы сæргълæууæг Мæрзаты Владиславы хсæн æмбæлгæ ахастдзинæдтæ кæй нæй, уый тыххæй
Хъæууон хæдзарады зæххытæ, коммуналон лæггæдтæ, фæндæгты уавæр, куысты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уый, æмæ ма бирæ æндæр социалон фарстатыл абон ныхас цыди Æрыдоны цы митинг ацыди, уым. Цæрджытæ æрæмбырд сты, æмæ сæ хъуыдытæ дзырдтой карзæй. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, Æрыдоны районы лыггæнинаг фарстатæ сæвзæрынц, районы сæргълæууæг Гусаты Тамерланы, æмæ бынæттон администрацийы сæргълæууæг Мæрзаты Владиславы хсæн æмбæлгæ ахастдзинæдтæ кæй нæй, уый тыххæй. Митинг аразджытæ бадомдтой, цæмæй дыууæ разамонæлджы дæр рацæуой, æмæ адæмæн радзурой районы цы хъуыддæгтæ цæуы, æмæ дзы цы фарстатыл хъæуы бакусын, уый. Мæрзаты Владислав цæрджыты раз загъта, йæ куыстæй ацæуынмæ цæттæ кæй у, районы сæргълæууæг уый растыл куы банымайа, уæд. Фæлæ уæддæр, аныхас кæныныл сразы. Горæты сæргълæууæг Гусаты Тамерланæн фехъусын кодта адæмы фæндон. Цæмæй йæ бынат суæгъд кæна. Фæлæ уыимæ се ппæт разы нæ уыдысты.
Митинг фæци иумæйаг хъуыдыйæ, цæрджытæ хъуамæ бахæссой æртæ кандидатурæйы, æмæ сын уыдон сæ фарстаты районы тыххæй фехъусын кæндзысты Æрыдоны районы сæргълæууæгæн.
темæмæ гæсгæ




