филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:20 воскресенье, 19 мая 2024
18 декабря 2013, 11:23
Хъæууонхæдзарадон министрады аграрон къабазы куыстæн скодтой рагагъоммæйы хатдзæгтæ

Цы æмбырд сарæзтой, уый райдыдта æхсызгон мадзалæй. Мæскуыйы «Сызгъæрин фæззæг», зæгъæ, цы æрвылазон равдыст вæййы, уым нæ республикæ дæр равдисы йæ æнтыстдзинæдтæ.

Хъæууонхæдзарадон министрады аграрон къабазы куыстæн скодтой рагагъоммæйы хатдзæгтæ
Цы æмбырд сарæзтой, уый райдыдта æхсызгон мадзалæй. Мæскуыйы «Сызгъæрин фæззæг», зæгъæ, цы æрвылазон равдыст вæййы, уым нæ республикæ дæр равдисы йæ æнтыстдзинæдтæ. Ацы аз дзы нæ куыстуæттæй фондзы продукци банымадтой сызгъæрин майданы аккагыл, уымæй уæлдай ма нæ республикæйы хæдзарæдтæй иу райста æвзист, иннæ та бронзæ майдан. Хæрзиуджытæ радта хъæууон хæдзарады министр Зассеты Роберт. Ведомствойы разамонæг ма, республикæйы Сæргълæууæджы номæй, схорзæхджын кодта къабазы æнтыстджын кусджыты кадджын нæмттæй, стæй кады гæххæттытæй. Афæдзы хатдзæгтæм гæсгæ, иумæйагæй зæхкусджытæ бакуыстой 167 мин гектары. Фаронимæ абаргæйæ, уый у 2 мин гектары фылдæр. Уыимæ къаддæр сагъд æрцыдысты халсартæ æмæ картоф. Абоны онг уал хор сæмбырд кодтой 600 мин тоннæйæ фылдæр. Фидæн азы нысантыл дзургæйæ, Зассеты Роберт фылдæр æргом аздæхта халсарты æмæ фосдарыны куыст фæахадгæдæр кæнынмæ.

Скъодтаты Харитон – хи хæдзарады разамонæг: «Стæм адæм ис, дзидзайымæ чи кусы, ахæмтæ. Министрад дæр хуыздæр хъус дары. Фæкастысты нæм, дотацитæ нын радих кодтой. Пълантæ нæм ис – иу 100 сæры ма бафтаудзыстæм нæ фосмæ, кæд бантыса, уæд. Иумæйаг проект у министрадимæ.

Засеты Роберт – РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр: «Царды домæнтæм гæсгæ, фидæны халсарты æмæ картофы куыст фæфылдæр кæнын хъæуы. Тырнын хъæуы, цæмæй искæмæ ма æнхъæлмæ кæсæм, фæлæ нæ республикæйы зæхкусджытæ нæ цæрджыты фаг дзидза дæр æмæ хор дæр æрзайын кæной. Иннæ азтимæ абаргæйæ, паддзахадон æххуыс дæр хуыздæр у. Раздæр-иу зæхкусджытæй хæсджынæй баззадыстæм, афæдзы кæронмæ-иу æххæстæй нæ радтам æхца. Ныр Хицауад афтæ бауынаффæ кодта, æмæ ацы аз, цы æмбæлд, уыцы æхца ныридæгæн иуылдæр радтам».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania