Кæддæр адæм сæ фæллад суадзынмæ кæдæм цыдысты, уым ныр ис бырондон. Цæугæдон, цъæх кæрдæг, рæсугъд бæлæстæ быроны бын фесты æмæ сæ аивдзинад никæцæй зыны. Хъæуы
Футболон фæз, трибунæтæ, хинайæнтæ, спортсментæ сæ дзаумæттæ кæм раивынц, ахæм уæттæ – цалдæр мæйы фæстæ ацы бынат йæ хуыз аивдзæн æмæ Хæзныдоны фæзындзæн йæхи нырыккон спортивон комплекс. Æмæ кæд цины хъуыддаг у, уæддæр хистæртæ бынтон зæрдæрай не сты. Цæуыннæ? Уымæн æмæ дзы фылдæр хатт сулæфæн дæр нæ вæййы.
Фыццаг бакастæй алæмæты бынат: цæугæдон, цъæх кæрдæг, рæсугъд бæлæстæ…. Баулæфынæн æмæ фæллад суадзынæн ма хуыздæр цы хъæуы. Фæлæ дзы фæлладуадзæг адæймаджы ничи фендзæн. Ныр 10 азы змисджын карьер сси бырондон.
«Кæддæр иу ацы ранмæ ссыдысты нæ бæстæйы алы рæттæй. Чи баулæфынмæ, чи йе нæнидзинад фæфидардæр кæнынмæ» – зæгъынц Хæзныдоны цæрджытæ.
Ныр та ма бырондонæй уæлдай у, стурты мæрдтæ кæлæн бынат дæр. Æмæ дзы цы тæф ис, уый дардмæ хъуысы. Куыйтæй у йе дзаг. Афтæмæй та скъоламæ фæндаг ауылты цæуы. Æмæ сывæллæттæ тæрсгæ кæнынц иунæгæй цæуын.
Цæрджытæ сæ хъаст иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодтой, хъуыддаг кæмæй арæзгæ у, уыдонæн. Курæг сты, цæмæй бырондонæн радих кæной æндæр бынат. Фæлæ сын ныры онг дзуаппдæттæг нæй. Хæзныдоны администрацийы æмбарын кæнынц – æппæт гæххæттытæ арвыстой бæрнон кусджытæм æмæ æнхъæлмæ кæсынц дзуаппмæ.
Ацы фарста æнæзонгæ нæу нæдæр районы разамындæн, нæдæр республикон. Суанг ма Такъоты Сергей Æрæфы районы разамындимæ фембæлды бахæс кодта ацы хъуыддагыл æвæстиатæй бакусын æмæ хæстæгдæр рæстæг бырондон æндæр ранмæ ахæссын, ацы фæзуат ссыгъдæг кæнын. Специалисттæ агурынц мадзæлттæ уавæр аивынæн.
Уæдмæ та цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц хъуыддаг къуырццæвæнæй кæд рацæудзæн, уымæ. Тынг бæллынц ногæй та ацы, кæддæр алæмæты ранмæ, цæуын улæфынмæ æмæ фæллад уадзынмæ.
