06 февраля 2018, 14:58
Хабаровскы уыд æппæтдунеон чемпионат хоккейæ пуртиимæ
Уæрæсейы иугонд командæ дзы сси уæлахиздзау.
Йæ уæнгтæй иу мзæххон Джусойты Алан.
Хабаровскы уыд æппæтдунеон чемпионат хоккейæ пуртиимæ. Уæрæсейы иугонд командæ дзы сси уæлахиздзау.
Йæ
уæнгтæй иу мзæххон Джусойты Алан. Финалы командæ фембæлд Швецийы
хоккеисттимæ, Уæрæсейы иугонд командæйы фынддæсæм номер йæхи сбæрæг
кодта голæй. Кæронбæттæны нæ бæстæйы спортсментæ фæуæлахиз сты 5:4
хыгъдæй. Финалы агъоммæ та уæрæсейæгтæ рамбылдтой Норвегийы, Финляндийы
æмæ Германийы минæвæртты. Ирыстойнаг æрдæгхъахъхъæнæг фæндзæм хатт сси
дунейы чемпион. Иугонд командæмæ йæ æрбахуыдтой Стокгольмæй. Уым
архайдта клуб «Хаммарбю Банди»-йы. Уырдæм ацыд фарон, уый размæ та
хъазыд Красноярскы «Енисей»-ы.

темæмæ гæсгæ