28 июля 2023, 11:33
Хъæддаг сырдты бардуаг Æфсати, йæ алыварс та алыхуызон цæрæгойтæ
Цъæйы фæдзæхст бынаты фæзынд ног арт-объект
Хъæддаг сырдты бардуаг Æфсати, йæ алыварс та алыхуызон цæрæгойтæ. Цъæйы фæдзæхст бынаты фæзынд ног арт-объект. Бакуыстой йыл Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы студенттæ. 8 метры онг æрмæгыл сныв кодтой, фæдзæхст бынаты территорийы цы цæрæгойты хуызтæ ис, уыдон. Фидарæй сæ уырны, ацы арт-объект йæхимæ кæй æлвасдзæн куыд республикæйы цæрджыты, афтæ мингай туристты дæр. Ацы нывкæнынады объект ма кæндзæн хъæздыгдæр. Автортæ нысан кæнынц дурджын къул ноджыдæр саив кæнын, æмæ йыл цæрæгойты хуызтæ сныв кæнын. Саив ма кæндзысты алфамбылай территори дæр. Иу стилы конд æрцæудзысты фæдзæхст бынатмæ бацæуæн фæндаг æмæ кулдуар дæр.
темæмæ гæсгæ




