филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:22 суббота, 28 сентября 2024
01 декабря 2020, 14:37
Хъæддзаума аразæг куыстуат «Меркада Хоум», пандемияйы фыццаг уылæны фæстæ уæлдай хæрдзтæ нæ баййæфта

Сæ куыст æнæрлæугæйæ æххæст кодтой профлактикон мадзæлтты фæрцы

Сæ куыст нæ бауæрдтой. Хъæддзаума аразæг куыстуат «Меркада Хоум», пандемияйы фыццаг уылæны фæстæ уæлдай хæрдзтæ нæ баййæфта. Сæ куыст æнæрлæугæйæ æххæст кодтой профлактикон мадзæлтты фæрцы. Кусджытæн скодтой уавæртæ æмæ сæ сæрмагонд транспортæй ластой куыстмæ æмæ фæстæмæ. Пайда кодтой дезинфекцион фæрæзтæй, маскæты фæтк æмæ æндæр хи хъахъхъæнæн мадзæлттæй. Уæвгæ, ахадгæ сты ныр дæр. Пандемийæ куы стыхджын, уæд цæттæ продукци уæй кæныны хъуыддыджы гыццыл къуылымпыдзинæдтæ уыди. Фæлæ уайтагъд иппæрд æрцыдысты. Куыстуат хъæддзаумайы куыст кæны 9 азы. Раздæр фылдæр арæзтой ресторантæ æмæ кафетимæ. Ныр кæнынц хæдзары дзаума дæр. Сæ продукци сын агурынц æрмæст Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ Мæскуы, Санкт-Петербург, Краснодар, Сочи æмæ æндæр горæтты. Абон куыстуаты фæллой кæны 50 адæймагмæ хæстæг. Пайда кæнынц паддзахадон программæтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania