филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:23 суббота, 28 сентября 2024
29 апреля 2020, 16:45
Хъæдгæроны цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар, стæй бынæттон скъола

Дыууæ объекты дæр сног кæндзысты федералон программæтæм гæсгæ.

Хъæдгæроны фæстаг рæстæг цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдонмæ цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ныртæккæ дзы бындуронæй цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар, стæй бынæттон скъола. Ацы бæстыхæйттæм зылд рагæй нæ уыди. Скъола хæсты рæстæг тынг хъыгдард баййæфта. Уæдæ культурæйы артдзæст дæр бирæ азтæм заууатмæ æрцыди. Дыууæ объекты дæр сног кæндзысты федералон программæтæм гæсгæ.

30 адæймагæй бригад архайы куысты хæрзхъæддзинадыл. Елойты Мирослав райдыдта гипсокартоны монтаж. Хъæдгæроны культурæйы хæдзар бындуронæй цалцæг кæнын райдыдтой мæйы размæ. Объект хъуамæ эксплуатацийы радтой афæдзы кæрон.  Аразджытæ та нысан кæнынц куыстытæ августы онг фæуын.

Ацы бынат кæдфæндыдæр уыдис хъæуы цæрджытæ зæрдиагæй кæм æмбырд кодтой, ахæм бынат. Уыдис дзы бирæ секцитæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Фæлæ культурæйы хæдзары уавæр домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта. Бирæ рæстæг дзы нæ цыди цалцæггæнæн куыстытæ.  Арæзтадмæ сæ цæст дарынц администрацийы кусджытæ дæр. Бæстыхайæн аивтой йæ сæр, кæронбæттæны та йын базилдзысты йе ддаг бакастмæ.

Хъæдгæроны ма бындуронæй цалцæг кæнынц бынæттон скъола дæр. Хъæуы цæрджыты æмбырды,  ахуыргæнæндоны уавæры тыххæй радзырдта директор. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 85 азмæ объектмæ иу хатт дæр зылд нæ уыди. хæсты рæстæг бæстыхæйттæ уыдысты тынг пырх. Уæдæй нырмæ дæр ма йыл кæй зæгъын æй хъæуы, бафтыди. Ам ахуыр кæны 349 ахуырдзауы.

Æртæ азы размæ бæстыхайæн аивтой йæ сæр, уый фæстæ та дзы сцалцæг кодтой спортивон зал. Базилын ма хъæуы ноджыдæр дыууæ корпусмæ. Скъола хъуамæ сцæттæ уа августы кæронмæ.

Дыууæ объекты дæр сног кæндзысты федералон программæтæм гæсгæ. Ацы ивддзинæдтæм хъæуы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Уымæй уæлдай ма, Хъæдгæроны цæрджытæн зæрдæ бавæрдтой дондзæуæн системæ аивынæй, стæй, сæйраг аллейæ сцалцæг кæнынæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania