филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:29 суббота, 31 января 2026
19 января 2023, 11:47
Хæдзар райсыны тыххæй фæрæзтæ чи бахаста, æмæ сайды чи баззади, уыцы адæмы фарста хъæуы алыг кæнын

Уый тыххæй хицауады уæнгтимæ æмæ бынæттон администрациты сæргълæуджытимæ æмбырды фехъусын кодта Дзанайты Барис

Хæдзар райсыны тыххæй фæрæзтæ чи бахаста, æмæ сайды чи баззади, уыцы адæмы фарста хъæуы алыг кæнын. Уый тыххæй хицауады уæнгтимæ æмæ бынæттон администрациты сæргълæуджытимæ æмбырды фехъусын кодта Дзанайты Барис. Абон саразинаг хъуыддæгты хсæн ис 4 объекты. Иу хæдзар дзы арæзт фæуыдзæн кæронмæ, фæлæ иннæ æртæйы хъуыддагыл бакусын хъæуы ацы аз. Хицауады сæрдар бахæс кодта, «фæндаггон картæ»-йыл бæстонæй бакусын цæмæй йæ республикæйы Хицауады сфидар кæной. Се ппæт мадзæлттыл дæр хъæуы афоныл бакусын, загъта Дзанайты Барис. Æмбырды ныхас цыди республикæ коммуналон инфраструктурæйы модернизацийы программæйы куыд архайы, ууыл. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй фидаргонд æрцыди 2027-æм азы онг коммуналон инфраструктурæйы системæты модерницазийы программæйы проект. Документы амынд куыд ис, афтæмæй хæстæгдæр дыууæ азмæ хъуамæ арæзт фæуой Алагиры районы дондзæуæн хызтæ, стæй донымбырдгæнæн «Лæц»-ы арæзтад. Уый фадат ратдзæни Алагиры районы æмæ йæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдон хæрзхъæд донæй ифтонг кæнынæн. Уымæй уæлдай, æмбырды æрдзырдтой территориты райрæзты Фонды фæрæзтæй арæзтады объекттæ кæронмæ фæуыныл, стæй кæлæтдзаг хæдзæрттæй ногтæм ракæныны программæ републикæйы куыд æххæстгонд цæуы, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania