Царды йæ рауадзын нысан кæнынц 2025-æм азы
Федералон проект «Профессионалитет» æххæст кæнгæйæ, Хæххон металлургон институты арæзт æрцыд регионты хсæн пилотон проекты презентаци. Царды йæ рауадзын нысан кæнынц 2025-æм азы. Презентацийы ныхас цыд туризмы æмæ лæггæдты къабæзты кадртæ цæттæ кæныныл. Мадзалы архайдтой ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ, акционерон æхсæнад «Кавказ РФ»-ы генералон директор Андрей Юмшанов, стæй бизнес-æхсæнады минæвæрттæ. Уый размæ Хицауады хæдзары бафыстой æмгуыстады бадзырд. Конференцийы æрныхас кодтой туризмы къабазы егъау инвестицион проектыл. Хæстæгдæр рæстæг курорт Мамысоны нысан кæнынц стыр куыстытæ райдайын. Аразгæ миты системæйы арæзтад уыдзæн 260 квадратон метры фæзуатыл. 2030-æм азмæ курорты нысан кæнынц трассæты 73 километры саразын, 18 хæрдмæисæны, стæй ма 7 мин фæлладуадзæн бынаты.