филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:59 среда, 09 апреля 2025
04 апреля 2025, 10:53
Хæххон паддзахадон аграрон университеты магистрант Чехты Дорæ скодта сæрмагонд сывороткæ

Уый æххуыс кæны цæсгомы цъар æнæниз кæнынæн

Цæгат Ирыстоны æрыгон ахуыргæндтæ фæстаг рæстæг раргом кæнынц алыхуызон цымыдисаг æрхъуыдыдзинæдтæ. Афтæ Хæххон паддзахадон аграрон университеты магистрант Чехты Дорæ скодта сæрмагонд сывороткæ. Уый æххуыс кæны цæсгомы цъар æнæниз кæнынæн. Ацы æрхъуыдыдзинадыл æрыгон чызг схардз кодта афæдз æмæ иу милуан сомы. Рамбылдта инновацитæн æххуысы Фонды грант.

Цымыдисаг куыст цæуы Хæххон аграрон университеты биотехнологийы факультеты лабораторийы. Ахуыргæнæндоны магистрант Чехты Дорæ сарæзта, цæсгомы цъары æнæниздзинадæн æххуыс чи у, ахæм сывороткæ. Косметологон продукт конд у перуанаг тамакойы сыфтæй æмæ бирæ ахадгæ буаргъæдтæй. Зайæгойы миниуджытæ тох кæнынц бактериты ныхмæ. Магистрантæн йæ иртасæнтæ æххæст кæныныл ацыд æнæхъæн аз. Балхæнынмæ, æнæмæнг, бирæты кæй хъæудзæн, уый йæ разæнгард кодта.

Проекты рæзтæн Дорæ инновацитæн æххæуысы Фондæй райста 1 милуан сомы. Уый руаджы сывороткæйæн скодтой клиникон иртæстытæ, æмæ йын радтой хъæугæ домæнтæн дзуапп кæй дæтты, ахæм деклараци. Гранты фæрцы ма бантыст йæ уæй кæныны фарст дæр алыг кæнын. Ахуыргондмæ  æмгуыстады тыххæй сæ курдиттæ бахастой стыр компанитæ, фæлæ продукт парахат кæндзысты сæхæдæг.

Дорæйы курдиатмæ гæсгæ тамако садзын райдыдтой Майскийы. Ныссагътой йæ хæххон аграрон университеты дæр. Биотехнологийы факультеты рахицæн кæнынц буаргъæдтæ, сæвæрынц сæ лабораторийы сæрмагонд мигæнæнты. Уыдонæй спайда кæны Дорæ йæ цымыдисаг иртæстыты рæстæг.

Дорæ ацы проектыл æрлæууынмæ нæ хъавы. Йæ размæ æвæры хæс – æнтыстджындæрæй архайын. Ныртæккæ косметологон продукт балхæнæн ис куыстуаты официалон сайты. Фидæны та фæзындзæн маркетплейсты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania