Уый хорз зоны Дзæуджыхъæуæй тренер Александр Карпин
Хæхтæ нысан кæнынц æрмæст карз æрдзон уавæртæ нæ, фæлæ адæймаджы уды фидар кæнынæн иттæг хорз бынат. Уый хорз зоны Дзæуджыхъæуæй тренер Александр Карпин. Йæ цæрæн бынат раивта Æрæфы районмæ, хæххон хъæуы спортивон секци байгом кæныны нысанимæ. Сывæллæтты ахуыр кæны скæсæйнаг хъæбысхæсты хуызыл. Йæ залмæ æмбырд кæнынц Æрæфы районы алы хъæутæй лæппутæ æмæ чызджытæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Скъолайы рады фæстæ Мæхческы сывæллæттæ æрæмбырд вæййынц сæ хæлар Синаты Арвиты хæдзары цур, цæмæй иумæ ацæуой тренировкæмæ. Алы хатт дæр æм фенхъæлмæ кæсынц.
Къуыри 3 хатты скъоладзаутæ фæцæуынц сыхаг хъæу Уæхъæцмæ. Зилгæ фæндагыл ацы бынæтты ахуыр сты. Тренировкæтæм æвзонг спортсменты ласы Арвиты фыд Синаты Ацæмæз.
Уæхъæцы спортивон залы тренер Александр Карпины разамындæй сентябры кусын райдыдта айкибудойы секци. Байгом кæныны хъуыды йæм хуымæтæджы не рцыд. Александр бирæ азты архайы Дзæуджыхъæуы сывæллæттимæ. Ерыстæм цæттæгæнгæйæ спортсментæн хъæуы æмбырдтæ аразын, æмæ ацы хъуыддагæн сæрмагондæй хæххон бынат æппæтæй хуыздæр бæззы.
Ацы хъæппæрис æрмæст Александры фæрцы æххæстгонд не рцыд. Йæ фарсмæ йæ бинойнаг Ирина Лазутская.
Айкибудо – хуымæтæг хъæбысхæст нæу. Уый у цалдæр япойнаг дисциплинæйы синтез. Хицæн кæны классикон айкидойæ. Айкибудойы атакæ нæ кæнынц, фæлæ хъахъхъæнгæ, ныхмæлæууæджы энергийæ пайдагæнгæйæ. Ныртæккæ залы архайы 14 лæппуйы æмæ чызджы Æрæфы районы 4 хæххон хъæуæй.
Хæххон айкибудойы проект рæзы. Тренеры фæндты ис секцимæ æндæр хъæутæй лæппуты æмæ чызджыты ргом раздахын. Ис ма хъуыды залмæ хистæр фæлтæры дæр æрбахонын.




