филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:16 суббота, 28 сентября 2024
15 сентября 2020, 14:51
Хъæлæс кæнын иумæйаг бон Цæгат Ирыстоны 3 районы – Горæтгæрон, Алагиры æмæ Æрæфы районты

Архонкæ, Мызур, Майрæмæдаг æмæ Сечъеры цæрджытæ æвзæрстой бынæттон хиуынаффæйады сæргълæуджыты

Хъæлæс кæнын иумæйаг бон Цæгат Ирыстоны 3 районы – Горæтгæрон, Алагиры æмæ Æрæфы районты. Архонкæ, Мызур, Майрæмæдаг æмæ Сечъеры  цæрджытæ æвзæрстой бынæттон хиуынаффæйады сæргълæуджыты. Æдæппæтæй   4 бынатмæ балæвæрдтой 16 кандидатурæйы. Уымæй уæлдай Стыр Дыгуры бынæттон хиуыннаффæйадмæ уæлæмхасæн æвзæрстой депутаты дæр. Æппæт æвзарæн хайæдты æххæст кодтой Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды санитарон домæнтæ.

Кæд æмæ сын бар уыдис сæ хъæлæстæ дыууæ боны раздæр раттын, уæддæр мызуйрæгтæ æвзарæн хайадмæ æрбацыдысты хуыцаубоны, хъæлæс кæныны иумæйаг бон. Уыдонимæ  номдзыд мызуйраг æрзæткъахæг Константин Зазулин. Мызуры цас цæры, уæдæй нырмæ иу æмæ дыууæ хъæуыхицауы нæ раивта. Ног разамонæгмæ та æнхъæлмæ кæсы хорзырдæм ивддзинæдтæм.

Æвзарæн хайæдтæм æрбацыдысты, фыццаг хатт йæ хъæлæс чи дæтты, уыцы фæсивæд дæр. Уыдонæн кадджын уавæры радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ арфæйы фыстæджытæ.

Æвзарæн фæткмæ гæсгæ ис схъæлæс кæнæн хæдзары дæр. Архонкæйы станицæйы уыцы барæй спайда кодтой дæстай адæймæгтæ. Фæлæ дын цæмæй æвзарæн урнæ дæ хæдзары размæ æрбахæссой, уымæн хъæуы сæххæст кæнын сæрмагонд домæнтæ. Мобилон æвзарæн къамисы уæнгтыл сеппæтыл дæр ис  хи бахъахъхъæныны уæлæдарæс. Сæ нысан у урнæ æвзарæджы раз æрæвæрын, æдас бынатмæ ацæуын æмæ æвзарæгæн радтын фадат  схъæлæс кæнынмæ.

Æвзарæн хайæдты куыд хъæлæс кодтой, уымæ цæст дардта Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Уæлдай æргом здæхт цæуы, æвзарджыты бартæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ.

Стыр бæрнондзинад ис æхсæнадон цæстдарджытыл. Æдæппæтæй уыдысты сæдæ цыппор адæймаджы бæрц. Алы хайады дæр уыдис фæйнæ æртæ минæвары политикон партитæй иу та республикæйы æхсæнадон палатæйæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, æвзæрстыты рæстæг иунæг барадхæлд дæр не сбæрæг ис. 

Хъæуккаг администрациты сæргълæууджыты æвзæрстытæм æрбацыдысты хъæлæсгæнджыты 55%. Æппæты хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыстой Сечеры цæрджытæ. Уым схъæлæс кодтой æвзарджыты 65 проценты. Моргуаты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл

Моргуаты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæ ацыдысты æнæ барадхæлдтытæй. Æппæт хайæдты дæр куыстой бюллетень нымайæг машинæтæ, кандидатты æмæ æвзарджыты бартæ та хъахъхъæд æрцыдысты æххæст бæрцæй. Сечеры хъæуыхицауæй равзæрстой Базраты Мананæйыл. Баууæндыдысты йыл æвзарджыты нæуæдз проценты. Йæ куысты бынаты баззад Майрæмададжы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Таймураз. Мызуры  фæуæлахиз Хъайтмазты Аслан, Архонкæйы та Дмитрий Ефимов.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania