Уый тыххæй ныхас цыд аппаратон æмбырды
Хъæлæс кæныны иумæйаг бон республикæйы 5 районты байгом уыдзысты æвзарæн участоктæ. Уый тыххæй ныхас цыд аппаратон æмбырды. Æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсейы президенты указмæ гæсгæ, бастдзинадимæ зындзинæдтæ нæ уыдзæн. Ныхас цыд хъармгæнæн сезонмæ цæттæдзинадыл дæр. Ныртæккæ хæдзарад цæттæ у 86%. Алагиры скусын кæндзысты 9 модулон хъармгæнæны. Республикæйы сæргълæууæджы амындмæ гæсгæ 38-æм рæвдауæндоны райдайдзысты ног хъармгæнæн æвæрын. Ахуыры азы райдианмæ нæ республикæйы бындурон цалцæджы фæстæ байгом кодтой 15 скъолайы. Фыццаг къласмæ бацыдысты 8773 сывæллоны. 60 мин скъоладзауы исдзысты хъарм хæринаг, – фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Дзанайты Барис бабар кодта уæлдай æргом социалон къабазмæ арвитын




