филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:41 пятница, 17 мая 2024
10 февраля 2022, 10:28
Хъæппæрисджын адæм дарддæр архайынц зындгонд скульптор Едзиты Сослæнбеджы хæдзар-музей бахъахъхъæныныл

Адæмон нывгæнæджы бирæ уникалон куыстытæ рæстæджы цыдимæ хæлынц, хæдзар-музей та уæвгæ дæр кæлæддзаг уавæры ис

Хъæппæрисджын адæм дарддæр архайынц зындгонд скульптор Едзиты Сослæнбеджы хæдзар-музей бахъахъхъæныныл. Адæмон нывгæнæджы бирæ уникалон куыстытæ рæстæджы цыдимæ хæлынц, хæдзар-музей та уæвгæ дæр кæлæддзаг уавæры ис. Ивгъуыд азы кæрон Ирыстоны нывгæнджыты æмæ скульпторты æхсæнады минæвæрттæ ныффыстой æргом писмо республикæйы Сæргълæууæджы номыл. Курынц дзы фарста алыг кæнын.

Ацы хæдзар ис Хъарман-Сындзыхъæуы, æмæ йæхимæ лвасы се ппæты ргом дæр. 1901-æм азы йæ сарæзта фыццаг ирыстойнаг скульптор Едзиты Сослæнбег. Дурæй конд къултыл, абарæн кæмæн нæй, ахæм барельефтæ. Æвдыст дзы цæуынц нæлгоймæгтыл æмæ бæлццæттыл аудæг Лæгтыдзуар, адæмон нывгæнæджы мад, Сослæнбег йæхæдæг йæ цардæмбалимæ, стæй ма сылгоймаджы сурæт дæр. Цалдæр азы размæ дзы æрцыд тыхджын зынгсирвæзт, æмæ уый фæстæ хæдзар зынтæй аирвæзт. Фæлæ хъыгдард баййæфтой йæ сæр, рудзгуытæ, дуæрттæ, стæй ирон стилы конд балкъон. Дыгуры районы раздæры сæргълæууæг Бердиты Солтаны хæслæвæрдмæ гæсгæ бынæттон мастертæн сæ бон куыд уыди, афтæ хæдзармæ базылдысты æмæ йæ сцалцæг кодтой.

Фыдыбæстæйы Стыр хæстæ рæстæг 1943-æм азы Едзиты Сослæнбег хохмæ схизгæйæ скодта йæ ирддæр скульптурæтæй иу – «Молитва в камне». Зæгъæн ис, æмæ ацы куыст уыд Стыр Уæлахиз амонæг. Ома хæлардзинад фæтых сау тыхтыл. Дæсгай азты фæстæ дæр хъæппæрисджын адæм дарддæр архайынц Едзиты хæдзар бахъахъхъæныныл. Цæгат Ирыстоны нывгæнджыты æмæ скульпторты æхсæнады минæвæрттæ ныффыстой æргом писмо республикæйы Сæргълæууæджы номыл.

Культурæйы министрадæй бæлвырд дзуапп райсын нæ бон нæ баци. Едзиты Сослæнбеджы æппæтæй зындгонддæр куыстытæ ныртæккæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы. Бирæтæ сты гом арвы бын, æмæ сын у тæссаг. нывгæнджытæ рагæй дзурынц, канд скульпторы хæдзар нæу бахъахъхъæнинаг, фæлæ йе ппæт культурон хæзнатæ дæр.

Едзиты Сослæнбеджы культурон бынтæн, зæгъæн ис, æмæ аргъ нæй. Æмæ йæ бахъахъхъæнын у нæ алкæйы хæс дæр. Уыдон æрмæст рæсугъд ныхæстæ не сты, фæлæ æнæмæнг хъæугæ хъуыддаг. Йе сфæлдыстадон бынтæ хъуамæ уой адæмы зæрдæты, æмæ сæ хъуамæ феной фидæны фæлтæртæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania