филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:27 суббота, 31 января 2026
01 февраля 2023, 11:46
Хъæрæсе-Черкесийæ Цæгат Ирыстонмæ æрбаластой 6 зубры

Афтæмæй баххæст кодтой Цæгат Кавказы æрыгондæр къорд – Турмонаг

Хъæрæсе-Черкесийæ Цæгат Ирыстонмæ æрбаластой 6 зубры. Афтæмæй баххæст кодтой Цæгат Кавказы æрыгондæр къорд – Турмонаг. Ныртæккæ хъæддаг æрдзы дунеон фонд ахадгæйæ ног кæны ацы сырдты популяци. Тæссаг сын уыд сыскъуыйынæй. Ныр æрыздæхтысты сæхимæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Зубр Димæ æдзынæгæй лæууы, цыма цæуылдæр ныхъхъуыды кодта, уый хуызæн. Хъæуы йæ бирæ хъуыддæгтæ сæххæст кæнын – миты бын гагадыргътæ ссарын, территори басгарын, стæй иннæ зубрты æнæхуынд уазджытæй бахъахъхъæнын. Йæ ног цæрæн бынаты сырд ницæмæй тыхсы.

Ивгъуыд къуыри Турмоны фæдзæхст бынатмæ ТебердИнаг нацпаркæй æрбаластой 6 ног цæрæджы. Цæгат Кавказы хъæддаг зубрты фыццаг хатт æрцахстой, раздæр-иу сырдты æрбаластой сæрмагонд хъомылгæнæн бынатæй. Даргъ æмæ уæззау фæндагæн хорз бабыхстой. Хъæддаг æрдзы дунеон фонды тыхтæй зубртæ æрыздæхтысты сæхимæ. Мæйы бæрц уыдзысты карантины вольеры, цæмæй ма фæрынчын уой æмæ ног бынатыл ацахуыр уой, уый тыххæй. Æфсаддзысты сæ хосæй, комбикормæй, цæххæй. Зубр у, адæймаг кæй ныццагъдта, æмæ уый фæстæ хъæддаг æрдзмæ раздахын кæй бантыст, сырдты иунæг ахæм хуыз дунейы. Фæстаг кавказаг зубртæ сæфт æрцыдысты 1926-æм азы, фæстаг быдырон зубры та амардтой 1921-æм азы Беловежскаг къохы. Ныртæккæ цы зубртæ ис, уыдон рауагъдтой сырддонты цы 12 хъæддаг галы баззад, уыдонæй.

Турмонаг къорд Кавказы у æппæтæй æрыгондæр. Раздæры къордæн фæзынд 6 роды. Хæстæгдæр рæстæг ма сыл бафтдзæн. Ацы хатт сырдты æрбаласдзысты Цъæйы æмæ Цæгатирыстойнаг фæдзæхст бынæттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania