10 мая 2025, 09:17
Хъæрмæдоны байгом сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатыр Уртаты Виталийы номарæн фæйнæг
Цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын бар лæвæрд æрцыди хъæбатыры ныййарæг Цырыхаты Азæйæн
Хъæрмæдоны байгом сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатыр Уртаты Виталийы номарæн фæйнæг. Цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын бар лæвæрд æрцыди хъæбатыры ныййарæг Цырыхаты Азæйæн. Уртаты Виталий хæстмæ ацæуыны хæдразмæ куыста республикæйы æвзарæн къамисы. Абон, йе мкусджыты хъæппæрисæй 163-æм æвзарæн къамис хæссы йæ ном. Мемориалон фæйнæг сæвæрыны хъуыддагмæ дæр йе вæрæн бахаста районы администрацийы æвзарæн къамис. Сæрмагонд æфсæддон операцимæ Виталий ацыди 2022-æм азы. 23-æм азы мартъийы хъæбатырæй фæмард, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ. Уртаты Виталий УФ-йы Президенты указмæ гæсгæ, йæ амæлæты фæстæ, хорзæхгонд æрцыди Лæгдзинады орденæй.
