Фидæны журналистты ахуыр кæнынц рæсугъд æмæ бæлвырд дзурыныл
Дæ царды тыххæй 6 секундмæ радзурын. Ахæм хæслæвæрд æххæст кæнынц сывæллæтты лагерь «Звездочка»-йы хъомылгæнинæгтæ. Фидæны журналистты ахуыр кæнынц рæсугъд æмæ бæлвырд дзурыныл. Æртæ къуырийы зонгæ кæндзысты журналисты дæсныйадимæ. Сæхи фæлвардзысты уацхæсджыты, операторты æмæ амонджыты хуызы. «Media Camp»-ы фæлтæры тыххæй бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Цымыдисагдæр хæслæвæрдтæй иу – хи тыххæй радзурын, цалынмæ спичкæ судзы, уæдмæ. 6 секунды, сæйрагдæр хъуыдытæ фæхæццæ кæнынмæ. Уый хуымæтæджы хъазт нæу, фæлæ тренировкæ. Фидæны журналисттæ хъуамæ зоной рæстæгимæ кусын, хъуыдытæ бæлвырд дзурын.
Ам алчидæр йæхи фæлвары æцæг журналисты хуызы: бынатæй репортаж скæнын, комкоммæ эфиры кусын, интервью фыссын… Ацы профессионалон зонындзинæдтæ æнæмæнг хъæуынц телеуынынады кусæджы. Хъазты хуызы лекци, æмæ мæнæ æцæг микрофон фидæны журналистты къухты. Сывæллæтты лагерь «Звездочка»-йы рæзгæ фæлтæрæн дæсныйадæвдисæг ахуыр сарæзта не мкусæг, паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы сæрмагонд уацхæссæг Хъалæгаты Надеждæ. Йе *рмæджытæ æххæст сты хъарм ныхасæй, æргом æнкъарæнтæй æмæ чысыл историтæй. Уыдон адæмы зæрдæты баззайынц. Абон йæ фæлтæрддзинад хæццæ кæны рæзгæ фæлтæрмæ.
Профилон рад «Media Camp» – уый алы хатт дæр нысан кæны командæйы куыст. Ныр дæр афтæ. Цалынмæ иутæ импровизацигонд комкоммæ эфирмæ рацæуынмæ цæттæ кæнынц, уæдмæ иннæттæ æххуыс кæнынц актуалон фæрстытæ æрхъуыды кæнынмæ. Ам ахсджиаг у алы лыстæг хъуыддаг дæр. Æмæ кæд нырма алцыдæр нæ рауад, уæддæр сæйрагдæр у, сывæллæттæ сæхи кæй афæлвæрдтой, уый. Стендап, синхрон, видеоæрмæг. Ацы ныхæстæ Фæрниаты Амелияйæн зонгæ сты. Чызг фæнд кæны йæ цард сфæлдыстадон дæсныйадимæ сбæттын.
Лагерь «Звездочка»-йы Media Camp цæуы ныр 8-æм аз. Азæй-азмæ ам йæ фæлладуадзæн рæстæг арвитын кæй фæнды, уыдоны нымæц фылдæр кæны. Цымыдисаг дæсныйадимæ зонгæ кæнынц 7-æй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæтты. 18 бонмæ сын араздзысты æрмæст тематикон ахуыртæ нæ, фæлæ ирхæфсæн мадзæлттæ дæр. Кæмæндæр ацы къахдзæфтæ дæсныйады фыццаг сты, фæлæ уыдонæй райдайдзæн фидæнмæ стыр фæндаг.
