филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:00 суббота, 31 января 2026
16 марта 2023, 11:29
Хæстæгдæр дыууæ азы арæзт æрцæудзæн донæмбырдгæнæн «Лæц», стæй  Алагиры районы дондзæуæн хызты рацарæзт

Республикæйы Хицауады æмбырды сфидар кодтой регионалон программæ «Коммуналон инфраструктурæйы системæйы модернизаци»

Хæстæгдæр дыууæ азы арæзт æрцæудзæн донæмбырдгæнæн «Лæц», стæй  Алагиры районы дондзæуæн хызты рацарæзт. Куыстыты иумæйаг аргъ у 8 сæдæ 13 милуан сомы. Республикæйы Хицауады æмбырды сфидар кодтой регионалон программæ «Коммуналон инфраструктурæйы системæйы модернизаци». Республикæйы лимит ацы азæн у 150 милуан сомы бæрц, иннæ азæн та 481 милуаны. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Алан куыд загъта, афтæмæй 2014-æм 15-æм азты Алагиры районы цæрджытæ нуазыны донæй æфхæрд кæй баййæфтой, уымæн йæ аххосаг уыди дондзæуæн хызтæ кæй нал бæззынц, æмæ донæн йæ хæрзхъæддзинад ныллæг кæй у, уый. Рацарæзты фæрцы ацы фарста лыггонд æрцæудзæн. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис дзуапдæттæг адæмæн бахæс кодта, цæмæй куыстыты æмгъуыд ма ныддæргъвæтин уа. Æмбырды ма æрныхас кодтой нысанмæ арæзт инвестицион программæйыл хæстæгдæр æртæ азæн. Фыццаградон хъуыддæгтæй раздæрау иу у паддзахадон программæты объекттæн фæрæзтæ дих кæныны фæтк. Хицауады уæнгтæ ма се ргом аздæхтой хъæууон хæдзарады къабазæн æххуыс кæныны мадзæлттæм дæр. Премьер куыд загъта, афтæмæй грантты æмæ субсидиты хуызы 350 милуаны бæрц дихгонд æрцæудзæн чысыл хæдзарæдтæн æххуысæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania