Æдæппæтæй районы ис 16 æфсымæрон ингæны æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты 30 цыртдзæвæны онг
Уæлахизы Боны агъоммæ «Хæстон æфсымæрады» минæвæрттæ сбæрæг кодтой Мæздæджы районы цыртдзæвæнты æмæ æфсæддон ингæнты уавæр. Æдæппæтæй районы ис 16 æфсымæрон ингæны æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты 30 цыртдзæвæны онг. Алцыдæр систой видеокамерæмæ, цы аипдзинæдтæ феной, уыдон бахынцыны тыххæй. Отряд «Поиск»-ы волонтертæ иртæстой мемориалон комплекстæ. Агуырдтой уæлæмхасæн бынæттæ, кæй сбæрæг кодтой, уыцы æфсæддонты нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй. Уæвгæ, иртасæн куыст цæуы æнæрлæугæйæ. Агурджытæ бæрæг кæнынц не мзæххонты биографи, истори æмæ хæстæджытимæ бастдзинад. Куыд фæзæгъынц, хæст нæ фæцис, цалынмæ фæстаг салдат ныгæд не рцæуа, уæдмæ. Уый у патриотон куысты сæйрагдæр нысан.




