филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
28 августа 2024, 11:42
Хæстон цуанон. «Лорды» хъæбатырдзинады æнахуыр цаутæ

Лæгдзинад, ныфсхастдзинад æмæ иузæрдиондзинад… Ацы миниуджытæй æрмæст адæм æххæст не сты. Сæхи хъæбатырæй равдисынц цыппаркъахыг хæлæрттæ дæр – куыйтæ. Царды æппæтæй зындæр рæстæг вæййынц адæймаджы цур. Æнæзæрдæхудтæй æххæст кæнынц хæстæ тохы быдырты дæр. Фæсном «Лорд»-имæ куыдзы цымыдисаг истори не сфæлдыстадон къордæн радзырдта хæстон цауты ветеран Елхъанаты Сергей. Уæззау цæфты æмæ контузийы тыххæй æфсæддонæн нал уыд, дарддæр сæрмагонд операцийы архайыны фадат. Ныр ис сæхимæ. Хъарм æнкъарæнтимæ æрымысы йæ хæстон хæлар «Лорд»-ы. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хæстон цауты ветеран Елхъанаты Сергей 10 азæй фылдæры размæ бафыста контракт Уæрæсейы гæрзифтонг тыхтимæ. Йæ сабибонтæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд æфсæддон суæвын. Службæйы фæстæ Сергей сфæнд кодта æфсады рæнхъыты баззайын. 2022-æм азы январы «Владикавказ», ахæм у Сергей фæсном, кæм службæ кодта, уыцы хай æрвыст æрцыд Хъырыммæ ахуыртæм. Уый фæстæ февралы уыд бардзырд сæрмагонд æфсæддон операцийы кæй райдыдта, уый фæдыл. Елхъанаты Сергей æмæ йе *мслужбæгæнджытæ уыдысты, Украинæйы территоримæ чи бацыд, уыдонæй фыццæгты æмрæнхъ. «Владикавказ» куыд зæгъы, афтæмæй уый уыд йæ хæстон хæс æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ ма сыстын йæ бон нæ уыд.

Елхъанаты Сергей йе фсæддон хæстæ кæм æххæст кодта, уыцы отряд уыд бырсæг. Хæстон быдыры уæвын алы секунд дæр тæссаг у. Хъæуы æнæуынæрæй хъуызын знаджы позицитæм æмæ размæ бырсын. Сергей дзуры, йæ отряды уыд иу цымыдисаг æмхæстон. Немыцаг хæрзмыггаг куыдз, йæ фæсном «Лорд». Æцæг æфсæддон хæлар. Куыдз бирæ хæттыты раргом кодта знаджы позицитæ басгæрсты рæстæг æмæ æнæуынæрæй æмбарын кодта, разæй кæй сты Украинæйы гæрзифтонг тыхты боевиктæ.

Куыдзы хицау у фæсном «Лютый»-имæ æфсæддон. «Лорд» хорз ахуыр уыд, æмæ зыдта командæтæ. Бирæ хæттыты ирвæзын кодта хæстонты цард. Иу хатт æхсæвыгон дæргъвæтин тохты фæстæ Сергейы отряд æрбынат кодта йæ фæллад суадзынмæ. Уыцы рæстæг сæм хъуызыд диверсион къорд. «Лорд» знаджы дардæй банкъардта æмæ йæ рæйынæй фехъусын кодта, ныхмæллæуæг кæй æрбахæстæг кæны, уый. Сергей куыд зæгъы, афтæмæй уыцы æхсæв гæнæн уыд, æмæ дæсгай лæппутæ фæмард уыдаиккой, «Лорд»-ы фæрцы хæстонтæ бацахстой позицитæ æмæ боевикты фæстæмæ аппæрстой.

Радон æфсæддон хæстæ ххæстгæнгæнгæйæ Сергейы отряд бахауд артиллерион æхсты бынмæ. Афтæ 2022-æм азы кæронæй «Владикавказ» йæхи дзæбæх кæны Цæгат Ирыстоны. Фæци уæззау цæфтæ æмæ контузи. Елхъанаты Сергей фидарæй сфæнд кодта дарддæр спортæй архайын æмæ активон цардыуагыл хæст уæвын. Архайдта æппæтрегионалон ерыс «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты кубок»-ы. Арæзт уыд хæстон цауты ветерантæн. Уыцы тохы «Лорд» дæр фæцæф ис, афоныл ын медицинон æххуыс бакодтой æмæ ныр ис сæхимæ. Куыдз æххæстæй йæ къæхтыл слæууыд æмæ та цæттæ кæны ногæй хæстон цауты зонæмæ ацæуынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania