филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:44 воскресенье, 19 мая 2024
05 мая 2022, 11:18
Хæсты сывæллæтæ. Дамбегты Виктор

Октябры 1942 — æм азы фашистты æрдонгтæ æрбахæццæ сты Æрæфы районмæ

Æзтæ цæуынц, фæлæ Фыдæбæстæйы Стыр хæсты æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны ссарыны ныфс та къаддæр нæ кæны. Хæзныдоны хъæуы цæрæг Дамбегты Кемейы фырт Слангерий дæр æрæджыйы онг нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл. Фæлæ йæ фæдонты иузæрдиондзинады фæрцы та сбæрæг и, кæм ныгæд у, уый. Куыдæй, уый тыххæй Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ фæд кæуыл ныууагъта, уыцы хъæутæй иу уыд Хæзныдон.  Гыццыл хъæуы цæрджытæн  стыр æмæ уæззау зындзинæдтæ æвзаргæ рауад.  Сæ фæззыгон куыстытæ сын ферох кæнын кодта. Октябры 1942 — æм азы фашистты æрдонгтæ æрбахæццæ сты Æрæфы районмæ. Дамбегты Виктор ма уæд кæд сывæллон уыд, уæддæр хорз хъуыды кæны уыцы рæстæг.

Фæшистты нæмгуыты тугуарæны фæстæ хæзныдойнæгтæй бирæтæ фесæфтысты. Уыцы цаутæ мысгæйæ Дамбегты Виктор ацы бон дæр бирæ хъуыддæгтыл дис  кæны.

Хæзныдоны ахæм бинонтæ стæм сты,  Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ иу сахъгурд кæмæй нæ ацыд. Бирæты та сæ ныййарджытæ рафæндараст кодтой Фыдыбæстæйы  размæ сæ хæс раттынмæ Сырх Æфсадмæ. Фæлæ сæ уым  службæ кæнгæйæ æрæййафта фыдæзнаджы  ныхмæ тох.

Дамбегты Слангериимæ службæ кодта Ирыстоны зындгонд фыссæг Хъазыбегты Хъазыбег, йæ поэмæйы куыд фыссы, уымæ гæсгæ Сталинграды тохы рæстæг Слангеримæ фæхицæн сты, уымæ гæсгæ уым фæмард.

Фалæ Дамбегты Слангерийы кæстæртæ уæдæй нырмæ агуырдтой сæ уарзон фыды æфсымæры фæд. Йæ бæрæггæнæнтæ йын базыдтой Подольскы архивты æнæраздæхгæ сæфтыты номхыгъды.  Йæ ном  фыст у Украинæйы Херсоны  облæсты  п.Сагийы  æфсымæрон цыртдзæвæныл.

Дамбегты Кеме æмы Гуыриаты фырттæ се вæрæн, уæлдайджынтæй кæй бахастой Уæлахизмæ, уый дызæрдыггаг нæу. Бинонты кæстæрты тырнындзинад сæ хистæры хæстон фæндæгтæ базонын æмæ сæ фидæны фæлтæртæм фæхæццæ кæнын та у бафæзминаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania