филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:22 воскресенье, 29 сентября 2024
17 марта 2020, 18:37
Хæсты сывæллон – Мамыкъаты-Бекмæрзты Таузан

Цардвæллад сылгоймаг йæ царды сæйраг нысаныл нымайы йæ хъæбатыр, зынгхуыст æфсымæрты нæмттæ сæнусон кæныныл

Цард цæуы æмæ фарн хæссы, зæгъы рагон æмбисонд. Уыцы хъуыдыйыл хæстæй бонтæ æмæ йæ æзтæ æрвиты Мамыкъаты-Бекмæрзты Таузан. Цардвæллад сылгоймаг йæ царды сæйраг нысаныл нымайы йæ хъæбатыр, зынгхуыст æфсымæрты нæмттæ сæнусон кæныныл. Йæ хъуыды сæмбæлд Æрæфы районы сæргълæууæг Хидирты Батразыл æмæ бабæрæг кодта хæсты сывæллоны. Йемæ уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.  

Абоны кадджын хистæр Мамыкъаты – Бекмæрзты Таузаны æрыгон бонты царды хабæрттæм хъусгæйæ, адæймаг хъудыты аныгъуылы – куыд  фæразон разынд уыйбæрц зындзинæдтæн ацы къæсхуыртæ сылгоймаг.

Æрæфы районæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы фæсивæдæн архайгæ рауад, уыдоны хсæн уыдысты Таузаны æфсымæртæ Къæмынты хъæуы Бæкмæрзты фондз сахъгуырды дæр. Бæргæ хæлæг цард кодтой сæ сабибонтæ, фæлæ сыл царды æнæрæстдзинады уаргъ æрæнцад.

Фæлæ уæддæр æфсымæртæ нæ сыстырзæрдæ сты. Сæ фыды зындзинад сæ зæрдыл бæргæ дардтой, фæлæ сæ райгурæн бæстæмæ  уарзондзинад сын бар нæ радта фыдæнæн митæ кæнынæн.

Хæст  Ирыстонмæ куы æрбахæццæ, уæд Бекмæрзты хæдзары скодтой госпиталь. Уæд Къæмынты  уыдоны хæдзарæй стырдæр нæ уыд.Таузан ма кæд сывæллон уыд, уæддæр хорз хъуыды кæны уыцы рæстæг.

Таузаны бабæрæг кодта Æрæфы районы сæргълæууæг  Хидирты Батраз. Уæлахизиы 75 азы фæдыл ын раарфæ кодта. Стæй йын   зæрдæ бавæрдта  йæ фыды хæдзар бацалцæг кæнынмæ сын кæй баххуыс кæндзæн, стæй ма, Гæлиаты администрацийы сæрдары ныхæстæм гæсгæ та, хæдзары цур фæнд кæнынц, Бекмæрзти 5 хъæбатры  номыл сквер саразын.

Уазджытыл  Таузан зæрдиагæй бацин кодта, рагæй йæ зæрдæ дардта,  Къæмынты  йæ  фыдыуæзæг, йе фсымæртæм æнхъæлмæ цы хæдзары фæкаст, уый цалцæггондæй фенынмæ

Царды диссæгтæн кæрон кæй нæй, уымæн, æнæбары,  æвдисæн сси  Таузаны цард дæр. Бирæсывæллонджын бинонты хъомылгæнгæйæ дзы алкæмæй дæр ныфсджын æмæ  сæрбæрзонд  бæргæ уыд, фæлæ 1937-æм азæй та йын  царды уылæнтæ  æгæр бирæ зынтæ бавзæрын кодтой. Йæ абоны райдзаст цардмæ фæндаг  ын æгæр стыр аргъыл  ныллæуыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania