Ивынц пъолтæ, рудзгуытæ, ифтонг сæ кæнынц æмбæлгæ кусæнгæрзтæй
Хъæуккаг скъолаты цæуынц спортивон залтæ цалцæггæнæн куыстытæ. Ивынц пъолтæ, рудзгуытæ, ифтонг сæ кæнынц æмбæлгæ кусæнгæрзтæй. Рацарæзты куыстытæ æххæст кæнынц национ проект «Ахуырад»-мæ гæсгæ. 2022-æм азы кæронмæ нæ республикæйы алы районты базилдзысты 16 спортивон залмæ. Рахизфарсы районы ацы хъуыддаг куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Гæджиты Сослан.
Ацы спортивон зал Раздзоджы скъолаимæ иумæ арæзт æрцыд 2002-æм азы. 20 азмæ сси цалцæггæнинаг, къултæ æмæ пъолтæ сты базилинаг. Уæдæ спортивон зал та нырыккон домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта. Скъолайы директор Мамсыраты Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ, пуртийы алы цæф дæр-иу йæ фæд ныууагъта къултыл. Фæлæ ныр зал сног кæндзысты. Куыстытæ цæудзысты, нацтон проект «Ахуырад» æххæст кæнгæйæ.
Баивдзысты пъолтæ, рудзгуытæ, дуæрттæ, канализацион æмæ дондзæуæн системæтæ. Сног кæндзысты электрон тыхдæттæг телтæ, хи найæн æмæ дзаумæттæ ивæн уæттæ. Рацарæзты куыстытæ сметæмæ гæсгæ цæуынц Ног Бæтæхъойы скъолайы дæр. Цалцæгмæ ам рагæй æнхъæлмæ кастысты. Скъолайы ахуыр кæнынц 250 лæппуæйы æмæ чызджы. Райдиан кълæсты ахуырдзаутæн физкультурæйы уроктæ сты сæ уарзондæр. Спортивон залы арæзт æрцæудзысты уæлæмхасæн секцитæ. Уырдæм цæуыны фадат уыдзæн куыд скъоладзаутæн, афтæ хъæуы цæрджытæн дæр. Иу дзырдзæй спортмæ æмхиц чи у, уыдонæн се ппæтæн дæр.
Проекты сæйраг нысан – хъæуккаг фæсивæдæн спортивон клубтæ саразын. Ныртæккæ ахæм куыстытæ цæуынц сæрмагондæй скъоладзаутæн æмæ студенттæн. Афтæ ацы аз уæлæмхасæн нысан кæнынц 44 клубы саразын. 2022-æм азы уыдзысты 45, стæй ма 2023-æм азы дæр уыйбæрц.
Национ проект «Ахуырад»-мæ гæсгæ ма сцалцæг кæндзысты 14 спортивон залы хъæуккаг скъолаты.




