филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:57 суббота, 31 января 2026
24 октября 2024, 10:43
Хъæууон хæдзарады министрады уыд Уæрæсейы патенттæ дæттыны ведомствæйы бренд срегистраци кæныны фарстаты фæдыл æмбырд

Архайдтой дзы, ирон чъириты, бæгæныйы æмæ цыхты куыст чи кæны, ахæм куыстуæтты хицæуттæ, стæй æхсæнадон организаци «Стыр Ныхас»-ы минæвæрттæ

Хъæууон хæдзарады министрады уыд Уæрæсейы патенттæ дæттыны ведомствæйы бренд срегистраци кæныны фарстаты фæдыл æмбырд. Архайдтой дзы, ирон чъириты, бæгæныйы æмæ цыхты куыст чи кæны, ахæм куыстуæтты хицæуттæ, стæй æхсæнадон организаци «Стыр Ныхас»-ы минæвæрттæ. Бæстонæй æрдзырдтой бирæ азты лыггæнинаг фарстайыл. Афтæ, «Ирон чъиритæ» 2024-æм азы балæвæрдтой сæ бренд срегистраци кæныны курдиат, фæлæ сын регистрацигонд не рцыди. Республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан бæстонæй радзырдта, ацы процедурæ куыд зын сæххæст кæнын у, уый. Хъæуы йын сæрмагонд мехынизмыл бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania