Цæмæй фылдæр æнтыстдзинæдтæ къухы фта, уый тыххæй стыр æххуыс у – фермертæн гранттæ дæттыны куыст.
Хъæууон хæдзарады рæзтæн 2023-æм азмæ цы стратеги снысан кодтой, уымæн йæ сæйраг къабæзтæй иу у фосдарынад. Цæмæй фылдæр æнтыстдзинæдтæ къухы фта, уый тыххæй стыр æххуыс у – фермертæн гранттæ дæттыны куыст. Уый фæрцы Дзæуджыхъæуы цæрæг Дзебысаты бинонтæ самал кодтой стурвосы 250 сæры, æмæ ныр Хохы Карцайы райдыдтой сæ фæзуæттæ уæрæхдæр кæнын.
Дзебысаты Таймураз стурвосы куыст нымайы йæ царды ахсджиагдæр хъуыддагыл. Фосимæ архайы дæс азы бæрц. Фæстаг рæстæг нæлгоймаг æрбынат кодта Хохы Карцайы. Йемæ хæххон фæзуæттæ райрæзын кæнынмæ рацыдис йæ цардæмбал Зæринæ æмæ йын йæ къух рог кæны, йæ бон куыд у, афтæ.
Стыр стъолы уæлхъус бадынц æрмæст бинонтæ нæ, фæлæ ма сæ хъæуккæгтæ дæр. Дзебысатæй чысыл дæлдæр цæрынц. Ацы бынаты та хæдзæрттæ рагæй нал ис, рæстæг сыл нæ бацауæрста. Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ адæмы ргом хъæуы раздахын хæхтæм. Хъæуы ног комулæфт бауадзын, кæддæр нæ фыдæлтæ цы бынæттæ ныууагътой, уыдоны. Уый æнцон нæу, фæлæ иугæр хъуыддагмæ зæрдиагæй бавнæлдтай, уæд дæ къухы бирæ бафтдзæн — зæгъы Таймураз. Æрмæст сыгъдæг уæлдæфæй риуыдзаг сулæфын дæр бирæйы аргъ у.
Фермер йе стурты рæвдаугæ хоны атлеттæ. Уый хуымæтæджы нæу. Сæрдæй зымæгæй фос сæрибарæй хизы сыгъдæг уыгæрдæнты, нуазы цъититы дон, улæфы хæххон уæлдæфæй.
Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй йæ фермеры куыст быдыры райдыдта. Фæлæ холы нал фаг кодта, æмæ уый тыххæй сфæнд кодтой хохмæ алидзын. Æрмæст амалхъомады куыст кæнынмæ нæ, фæлæ ма цæмæй æрдзмæ хæстæгдæр уой, уый тыххæй.
Дзебысаты бафæзмын кæй фæнды, уыдонæн бинонтæ цæттæ сты лæвар зæхх радтынмæ. Сæрмагондæй уый тыххæй балхæдтой фæндзай сотыхы зæхх. Дзебысаты бинонтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм иннæ хъуыддæгты дæр фæкæсдзысты. Бацамондзысты сын хъæугæ документтæ æрæмбырд кæнынмæ, стæй сын баххуыс кæндзысты бизнес-пълан саразынмæ. Кæд сæ проект хъæууон хæдзарады министрады сфидар кæной, уæд фермертæн сараздзысты хæдзæрттæ дæр. Таймуразы фæнды йæ проектимæ хъæуккаг бæстыхæйтты райрæзты паддзахадон программæмæ бахауын. Уый фæстæ та грант райсын. Стурвосы куыстæй уæлдай ма сæ фæнды туризмы къабазы райрæзтмæ се вæрæн бахæссын. Ныридæгæн уал аразынц коттеджтæ.
Ныртæккæ фермеримæ кусы цыппар фыййауы æмæ дыууæ фосдарæгы. Фæлæ иннæ аз фæнд кæнынц стурвосы нымæц фæфылдæр кæнын. Уый фæрцы ма куысты бынæттæ ратдзысты дыууын фондз адæймагæн. 2021 азмæ та кооперативы бæрны уыдзæнис фарастсæдæ стуры.




