филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:47 воскресенье, 01 февраля 2026
14 мая 2024, 20:44
Хæзныдоны арæзт æрцыд физкультурон парад, уыимæ дзы байгом кодтой Номарæн фæз

Кадджын мадзалмæ хуынд уыдысты хъæуы цæрджытæ, йæ рацæуджытæ, районы, республикæкæйы хицауады æмæ æхсæнады минæвæрттæ

Иу бæрæгбон иннæмæй мидисджындæр, ахадгæдæр. Æмæ та Æрæфы районы Хæзныдоны цæрджытæ æвдисæн фесты историон дыууæ цауæн. Арæзт дзы æрцыд физкультурон парад, уыимæ дзы байгом кодтой Номарæн фæз. Мадзалттæ цардмæ рахæссыныл бацархайдта не мкусæг Сосранты Жаннæ дæр, æмæ сын сæ цыды æмæ нысаниуæджы хабæрттæ фæхæццæ кæндзæн сымахмæ дæр, нæ равдыстæмæ кæсджытæ.

Ахæм зарджыты зæлтæ фехъусæн уыд Спортивон-музыкалон бæрæгбон «Физкультурон Парад – Хæзныдон» – ы. Ацы мадзал æрбамбырд кодта æппæт Ирыстоны районтæй дзыллæтæ. Йæ саразыныл, ацы раздæрыккон амал цардмæ рахæссыныл бакуста æхсæнадон – Паддзахадон физкультурон-спортивон иугонд «Уæрæсейы æвзонгдзинад». Йæ  сæргълæууæг Уæрæсейы сгуыхт тренер, педагогон наукæты доктор Абайты  Аланы бафæндыд Ирыстойнаг хайадимæ бацархайын парад зæрдæмæдзæугæ саразыныл. Уыимæ ресубликæйы аивдæр хъæутæй иуы – Хæзныдоны.

Бæрæгбон арæзт æрцыд Уæлахизы бонмæ. Йæ алы архайæгæн дæр бацæттæ кодтой сæрмагонд уæлæдарæс. Хæзныдоны спортивон комплекс «СОЗО», кæдæй арæзт æрцыд, хъæуы ирд минæвар, Уæрæсейы зындгонд бæрнон кусæг Хъамболты Мараты хъæппæрисæй, уæдæй дзы дзæвгар, бæрзонд æмвæзады мадзæлттæ конд æрцыд. Ацы хатт дæр афтæ. Бацархайдтой дзы республикæйы министрадтæ æмæ ахуырæгæнæнæдæтты минæвæрттæ.

Ацы бæрæгбон уæлдай æхцондзинад æрхаста Цæгат Ирыстоны спорты ветерантæн. Мадзал саразджытæ сын бацæттæ кодтой арфæйы гæххæттытæ æмæ майдантæ.

Ацы мадзалы сæйраг нысан – советон рæстæджы фæзминаг хъуыддагæн ног цард радтын, кæстæр фæлтæрмæ фæхæццæ кæнын, спортæй архайын куыд ахсджиаг у адæймаджы уд фидардæр кæнынæн, уый.

Патриотон мадзал се сфæлдыстадæй барайдзаст кодтой зæрæггæнæг Туккаты Изаурæ, стæй Лескены культурæйы хæдзары сфæлдыстадон коллективтæ.

Физкультурон парад уыд Хæзныдоны Уæлахизы боны мадзæлтты райдайæн. Спортивон комплексы кæрты цы цыртдзæвæн ис – сæ сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсгæ чи баззад, уыцы ныййарджыты кадæн, ууыл дидинджытæ сæвæргæйæ ракодтой сæ фæндаг парадæй Хæзныдоны культурæйы хæдзары цурмæ.

Историмæ ма иу æвæрæн бахастой Хæзныдоны цæрджытæ. Парады уæнгты æрбацыдæй райдыдта Номарæн фæз байгом кæныны кадджын мадзал.

Хæзныдон, кæд стырдæр хъæутæй нæу, уæддæр Фыдыбæстæйы стыр Уæлахизмæ æвæрæн бахаста, алы бинонты, мыггаджы минæвар дæр. Сæ фылдæрæн цæугæ рауад ацу æмæ мауал æрбацуйы фæндагыл. Хæзныдоны сын сæ нæмттæ сæнусон  кодтой Номарæн фæзы. Йæ байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд  Хæзныдоны хæствæллад хистæрты фæдонтæн.

Ацы фæйнæджытыл цæст ахæсгæйæ зæрдæ уынгæг кæны. Се рыгон удтæ балæвар кодтой  абоны, фидæны фæлтæрты сæрибар цардæн.

Афтæ, фæзæгъынц – рæстæг дугъон бæхай уæлдай нæу. Уый æмбаргæйæ Хæзныдоны цæрæг Уаниты Юрий цардмæ рахаста адæмы фæндон. Йæ фæрæзтæй сарæзта, ацы мидисджын бынат. Уырны сæ – цæстуынгæ æрмæгæй, адæм хуыздæр кæй хъуыды кæндзысты, сæ фæллойгæнаг фыдæлты.

Кадджын мадзалмæ хуынд уыдысты хъæуы цæрджытæ, йæ рацæуджытæ, районы, республикæкæйы хицауады æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Бынаты фæзынд дзы алкæйы зæрдæйы дæр ныууагъта рухс æнкъарæнтæ.

Нæ кадджын хистæртæ иу афтæ дзырдтой – хъæу фидауы йæ цæрджыты кадæй, йæ сыгъдæгдзинад, йæ уæлмæрдмæ цæстдардæй. Хæзныдоны та æрмæст уыцы хъуыддæгтыл нæ архайынц, фæлæ ма сæ фыдæлты истори сæнусон кодтой, радон хуызы – Номарæн фæзы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania