филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:51 вторник, 17 марта 2026
07 марта 2026, 09:45
Хæзныдоны бындуронæй сцалцæг кæндзысты амбулатори

Медицинон куыстуат лæггад кæны мин æмæ 500 адæймагæн

Хæзныдоны бындуронæй сцалцæг кæндзысты амбулатори. Уый тыххæй хъусын кæны арæзтады æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæ. Медицинон куыстуат лæггад кæны мин æмæ 500 адæймагæн. Рагæй ис кæлæддзаг уавæры. Къултыл арф фазтæ, пъол нал бæззы. 10 азы размæ баивтой бæстыхайы сæр, фæлæ уый разынд æрмæст рæстæгмæ мадзал. Абон амбулаторийы нæ фаг кæны медицинон кусджытæ дæр. Бындурон цалцæг цæудзæн национ проект «Дæргъвæтин æмæ активон цард» æххæстгæнгæйæ. Фарон уымæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы бындуронæй базылдысты 4 поликлиникæмæ. Ведомствæйы фæнысан кодтой, Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы медицинон инфраструктурæйы райрæзт æмæ модернизаци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania