филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:23 воскресенье, 19 мая 2024
27 апреля 2022, 10:13
Хæзныдоны фермерон хæдзарад «Лексо» архайд фæуæрæхдæр кодтой

Райдыдтой дзы кæрчытæ дарын дæр

Фæстаг æзты Ирыстоны хъæуты æмæ горæтты уавæртæ дзæвгар кæй фæхуыздæр сты, уый æнæ фæбæрæг кæнæн нæй. Паддзахадон программæты, стæй амалхъом адæмы фæрцы дзы фæзынд ног арæзтæдтæ, фылдæр гæнæнтæ. Афтæ Хæзныдоны, раздæр адæм æнæзакъонæй бырондон кæм скодтой, уыцы бынаты ныр цард бацайдагъ. Кусы дзы фермерон хæдзарад «Лексо». Бабæрæг æй кодта Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуыты Омаримæ  не мкусæг Сосранты Жаннæ, æмæ йын федтой йæ гæнæнтæ. Уæвгæ фехъусынæй фенын хуыздæр у, бæстондæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы.

Рæстæджы  цыдимæ Хæзныдоны бæркад ногæй фылдæр кæны. Æрæджы дзы байгом фермерон хæдзарад «Лексо». Кæд  йæ фæзуат, афтæ бирæ нæу, уæддæр  дзы архайынц, адæмы æнцондзинадæн  фылдæр пайдайаг хъуыддæгтæ саразыныл. Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуыты Омар районы ахæм куыстуæтты сарæзтыл, уæлдай цин фæкæны.  Хæдзарады бæркадджын куыстæн саразынц, сæ бон цы уавæртæ вæййы скæнын, ахæмтæ.

Фермерон хæдзарады куыст райдыдта фосдарынæй, ныр та  сæ архайд фæуæрæхдæр кодтой. Райдыдтой дзы кæрчытæ дарын дæр.

Ам алцыдæр кусы автоматикон æгъдауæй.  Хæзныдоны хъæуæй рацæуæг Дамбегты Риммæ хъуыды кæны хъæуы,  районы цæрджытæн пайдайайг хъуыддæгтæ аразыныл.

Хæзныдоны хъæуы цæрджытæ дзæбæх хъуыды кæнынц, совхозы фехæлды  фæстæ быдыртæ цы æвзæр уавæры уыдысты, уый. Кæм хæмпæлгæрдæджы бын фесты  хуымзæххытæ, кæм та æнæзæкъон бырондон арæзт æрцыд.

Ацы фермæ саразын иу боны хъуыддаг нæу. Дамбегты Лексойы чызг Риммæ бирæ æхсæвтæ арвыста, ацы бынат фæбæркадджындæр кæныныл.

Риммæма ис дарддæр дæр фидæнмæ фæндтæ. Фæлæ æнæ адæмы фарсхæстæй монцтæ мæлгæ кæй кæныц, уый та хъуамæ æмбара алы рæстхъуыдытыл хæст адæймаг. Иумæйаг хъару цардмæ хæссы бирæ хорз бæллицтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania