филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
15 сентября 2020, 15:39
Хæзныдоны культурæйы хæдзары уыд чиныг «Повесть о Хазнидоне»-йы презентацийы кадджын мадзал

Æрмæг æрмæбырд кæныл архайдтой æнæхъæн хъæуæй

Хæзныдоны культурæйы хæдзары уыд чиныг «Повесть о Хазнидоне»-йы  презентацийы кадджын мадзал. Æрмæг æрмæбырд кæныл архайдтой æнæхъæн хъæуæй. Уацау фыст æрцыд цæрджыты мысинæгтæй. Йæ саразыны хъуыды сæвзæрд Хæзныдойнаг Уаниты Хъазыбегмæ. Журналист Хæмыцаты Морисимæ бакуыстой адæмæй цы мысинæгтæ æрæмбырд кодтой уыдоныл æмæ дзы рауад цымыдиссаг рауагъд.  Автортæ куыд радзырдтой, афтæмæй ацы чиныг хорз фæрæз у, цæмæй рæзгæ фæлтæр зоной æмæ хъуыды кæной сæ намысджын фыдæлты тыххæй. Чиныджы презентацимæ æрбацыд бирæ адæм, кадджын мадзалы архайдта хъæуы разамынд дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania